Мæскуыйы Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны Иудадзыгон минæварады бæстыхайы сарæзтой Фыццагкурсоны бæрæгбон.
Зæрдæхæлар фембæлд банымайæн ис фæлтæрты æхсæн бастдзинады æвдисæныл. Æрыгон студенттимæ фембæлдмæ æрбацæуæг адæмы ‘хсæн уыдысты Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Игорь Барсков, йæ фыццаг хæдивæг Дзасохты Тамерлан, ирон æгъдæутты комитеты разамонæг Æгайты Эрик, Хуссар Ирыстоны минæварады уынаффæгæнæг Уæрæсейы Денис Долгушев, Алайнаг кувæндоны динамонæг Джейранты Вячеслав æмæ æндæртæ.
Ирыстойнаг скъолатæ каст чи фæци æмæ Мæскуыйы дарддæр ахуыр кæнын чи райдыдта, уыцы фæсивæд цæмæй ныфсхастæй архайой, амынд бæрæгбоны хæс у уымæн ахъаз кæнын (ацы æгъдау рагæй æххæст кæнынц).
Бæрæгбоны райдайæны азæлыдысты Уæрæсейы, стæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны гимнтæ. Фæстæдæр, фыццагкурсонтæн арфæ кæнгæйæ, Игорь Барсков загъта:
– Хъуыстгонд адæймæгтæ кæй сфæлдыстой, Ирыстонæн ис ахæм мидисджын истори. Уæ нæмттæ ацы адæймæгты нæмтты æмрæнхъ цæмæй фыст æрцæуой æмæ нæ иумæйаг бынтæ цæмæй фылдæрæй-фылдæр кæной, уый уын мæ зæрдæ зæгъы. Уæ рæсугъд фидæныл зæрдæ дарын. Алы хатт дæр уын уæ хъуыддæгты баххуыс кæнынмæ цæттæ кæй стæм, уый уæ рох ма уæд!
– Ацы бæрæгбоны кæй архайын, уый æз нымайын стыр кадыл. Фидæны мах чи раивдзæн, сымах стут уыцы æрыгон фæлтæр. Царды фæндагыл ныфсхастæй, кадимæ цæмæй цæуат, уый уын мæ зæрдæ зæгъы, – студентты раз ныхас кæнгæйæ, загъта Денис Долгушев.
Рагон гаджидæуттæ кæм азæлыдысты, фæстæдæр бæрæгбон раивта ирон чъиритимæ ахæм бæркадджын фынгмæ. Бæрæгбонмæ æрбацæуæг хистæртæ æмæ кæстæртæн уыд хуымæтæджы уагæй кæрæдзиимæ аныхас кæныны фадат.
Олег Апрелев














