Дзӕуджыхъӕу сӕттын нӕ бакуымдта знагӕн

0
486

1942 азы июлы фӕстаг дӕс боны немыцаг-фашистон ӕфсӕдты къорд «А», фельдмаршал Клейст сын командӕ кӕнгӕйӕ, танкты стыр колоннӕтӕй ӕфсӕрстой Цӕгат Кавказмӕ. Хуссармӕ цыдысты 1300 танчы, ӕмӕ Вермахты пълантӕм гӕсгӕ хъуамӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бацахстаиккой Кавказы нефты районтӕ. Уӕлдӕфӕй сӕ хъахъхъӕнын хӕсгонд ӕрцыд цыппӕрӕм уӕлдӕфон флотӕн, йӕ командӕгӕнӕг та уыдис фашистон ас Рихтгофен. Хӕстон уавӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, уымӕн дыууӕ авиацион корпусы аппарын йӕ бон уыдис Кавказмӕ кӕнӕ Сталинградмӕ дӕр.

Знаджы ӕруромын, хъахъхъӕнынадон хӕстыты йӕ бастайын кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй рӕстӕг рамбулын, цӕмӕй фӕсауӕрцы ӕфсӕдтӕй ӕххӕстӕй пайдагонд ӕрцӕуа, уый фӕстӕ та знаджы ныддӕрӕн кӕнын — ахӕм уыд не ‘фсӕдты ахъаззаджы хӕс. Центрон Кавказы ӕфцгуыты размӕ арӕзт ӕрцыд хъахъхъӕнынадон хахх ахсджиагдӕр бынӕтты, ӕмӕ йын командӕ кодта гитлерон сгарынадӕн зындгонд «хъӕддых хӕстон разамонӕг», ӕфсады инӕлар Иван Тюленев.

Цыбыр ӕмгъуыдтӕм арӕзт ӕрцыдысты мингай ӕхсӕн бынӕттӕ. Инженерон-хъахъхъӕнӕн арӕзтӕдтӕ цӕттӕ уыдысты бӕрзонд ӕфцгуыты размӕ. 1942 азы 7 августӕй 10 августмӕ ӕфсады инӕлар Тюленев бӕрӕг кодта хъахъхъӕнынады сӕйраг районтӕ Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Грознамӕ ӕрбацӕуӕнты. Хъахъхъӕнынады сӕйраг уаццаг Дзӕуджыхъӕуы алыварс цӕттӕ уыд августы ӕмбисмӕ. Ӕнӕхъӕн мӕй карз хӕстытӕ цыдысты Пятигорск, Прохладнӕ ӕмӕ Мӕздӕг байсыныл, сентябры та уыдон бацайдагъ сты Арыхъы рӕгътӕ ӕмӕ Мӕлгъӕвӕгмӕ бацӕуӕнты. Фондз мӕйы фашисттӕ фӕлвӕрдтой не ‘фсӕдты хъахъхъӕнынадон бынӕттӕ ӕрбатоныныл ӕмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ныббырсыныл. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсады инӕлар Иван Тюленев ӕртахт горӕтмӕ тӕссагдӕр бынӕттӕ сбӕрӕг кӕныны тыххӕй.

«…Горӕт базонӕн нал уыд. Уый ссис хӕстон. Йӕ уынгтӕй рауад ныхмӕлӕуды фидӕрттӕ, алы ран дӕр лӕууыдысты танктӕй хъахъхъӕнӕн уызынтӕ. Кировы хидмӕ ‘ввахс фенӕн уыд ӕфсӕнбетон дзоттӕ ӕмӕ доттӕ. Немыцы хӕдтӕхджыты тыхджын бомбӕты ӕппӕрстытӕй иуӕй-иу хӕдзӕрттӕ, скъолатӕ, ӕхсӕнадон бӕстыхӕйттӕ лӕууыдысты пырхытӕй. Гитлеронты дардмӕхсӕн сармадзантӕ ӕхсын райдыдтой горӕты цӕгат-ныгуылӕйнаг кӕрӕтты. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ та-иу ӕрбатахтысты знаджы бомбӕӕппарӕн хӕдтӕхджытӕ…» (Тюленев И.В., «Крах операции «Эдельвейс». Орджоникидзе, 1975).

Дарддӕр инӕлар куыд фыссы, афтӕмӕй фронты раззаг хахх аззад Дзӕуджыхъӕуы ныгуылӕйнаг кӕроны. Ардӕм ӕрвыст цыдысты ног ӕмӕ ног ӕфсӕддон хӕйттӕ. Горӕты уынгты, куыстуӕттӕм ӕввахс лӕууыдысты куынӕггӕнӕг батальонты ӕмӕ адӕмон хӕдӕфсады къордтӕ. Уӕды рӕстӕджы хуссайраг фронтты цы хӕстон уавӕр сӕвзӕрд, уый 1942 азы бӕлвырд ӕвдыстой нӕ газеттӕ, «Правда» фыста: «На полях сражений в предгорьях Кавказа идут невиданные по своим масштабам и ожесточенности бои». «Красная звезда» та фӕбӕрӕг кодта: «К Сталинграду и Северному Кавказу приковано сейчас внимание всей советской страны, всего мира…От исхода боев на юге зависит судьба Отечества, свобода и жизнь миллионов советских людей…»

Гитлерон командӕгӕнынад, Кавказ байсгӕйӕ, хъуыды кодта дыууӕ сӕйраг хъуыддаджы алыг кӕныныл. Фыццаджыдӕр, не ‘фсӕдты ныддӕрӕн кӕнын Кавказы разхӕхты ӕмӕ нефты гуырӕнтӕ бацахсын. Дарддӕр та Герман Туркӕй хъуамӕ бадомдтаид ССР Цӕдисы ныхмӕ ралӕууын. Уый уымӕ йӕхи цӕттӕ кодта 1942 азы сӕрдӕй фӕстӕмӕ. Нӕ арӕнтӕм хӕстӕг ӕрӕвӕрдта 26 дивизийы ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, Дзӕуджыхъӕу састы бынаты кӕд баззайдзӕн, уыцы хабӕрттӕм. Гитлеры ӕфсӕдты дыккаг нысан та уыд Арвыкомыл Фӕскавказмӕ ахизын, дарддӕр та Хӕстӕг Хурыскӕсӕнмӕ ныббырсын.

Фӕлӕ нӕ командӕгӕнынад хӕстмӕ бакодта фӕсауӕрцы ӕфсӕдтӕ, ӕмӕ уыдон знаджы ӕрурӕдтой Дзӕуджыхъӕумӕ бацӕуӕнты. Ныр уый ссис советон-гермайнаг фронты ӕппӕты хуссайрагдӕр стъӕлф Баренцы денджызӕй Дзӕуджыхъӕумӕ. Клейсты фыццӕгӕм танкон ӕфсады тыхджын цӕфы бырынкъ арӕзт уыд горӕты фидӕрттӕм, фӕлӕ ацы арӕнӕй дарддӕр фашистон тыхгӕнӕджы цырыхъхъ нӕ бахызт.

Дыккӕгӕм ноябрӕй фӕстӕмӕ Дзӕуджыхъӕу уыдис ӕртыхсты уавӕры. Горӕтӕн феххуыс кӕнынмӕ тагъд ӕппӕрст ӕрцыдысты ӕхсӕг корпус, танкон бригад, танкты ныхмӕ хӕцӕг фондз сармадзантӕй ӕхсӕг полчъы ӕмӕ минометтӕй ӕхсджыты ӕртӕ гвардион полчъы. Не ‘фсӕдтӕн пайдайаг хуызы разамынд дӕттыны тыххӕй ӕфсады инӕлар Тбилисӕй фӕдзырдта фронты оперативон хайӕдты командиртӕм дӕр.

1942 азы 2 ноябры райсомӕй ӕфсӕдты къорд «А»-йы командӕгӕнӕг Клейст йӕ къух ӕрӕвӕрдта Дзӕуджыхъӕумӕ ныббырсыны бардзырдыл: «Хуыцауимӕ бырсӕм размӕ! Дзӕуджыхъӕуы хъысмӕт у лыггонд». Уыцы бон изӕрӕй та ӕфсӕддон советы ӕмбырды фронты командӕгӕнӕг, ӕфсады инӕлар Тюленев загъта: «Мӕнӕн зындгонд у, 7 ноябры Цытджын Октябры ӕнусы цыппӕрӕмхайон юбилейы бон, Гитлер ӕппӕт дунейӕн фехъусын фӕнд кӕны, зӕгъгӕ, Кавказы дӕгъӕлтӕ сты йӕ къухты. Фӕлӕ йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн: 6 ноябры мах изӕрӕй ногӕй ӕрбамбырд уыдзыстӕм Дзӕуджыхъӕумӕ, ӕмӕ нӕ хъӕлӕс фехъуысдзӕн Мӕскуымӕ. Райсом мах хъӕудзӕн размӕ абырсын».

…3-4 ноябры 100 немыцаг-фашистон танкӕй фылдӕр ногӕй бырсын райдыдтой Дзӕуджыхъӕумӕ. Фӕлӕ не ‘фсӕдтӕ ӕрурӕдтой знаджы ӕппӕт размӕбырстытӕ дӕр. 5 ноябры цӕттӕгӕнӕн мадзӕлттӕ фесты знагӕн тыхджын цӕф ныккӕныны тыххӕй. 6 ноябры та не ‘фсӕдтӕ абырстой размӕ. Фашисттӕн сӕ сӕр сӕ кой сси, ӕмӕ хъуыды кодтой, сӕ къӕхтӕ ма куыд ахӕссой, ууыл.

«…6 ноябры ӕхсӕвы иу хатт ма дивизиты корпусты командирты докладтӕм байхъусыны фӕстӕ ӕз телефонӕй фӕдзырдтон Ставкӕмӕ. Сталин мӕм лӕмбынӕг байхъусгӕйӕ загъта: «Почему так медлите с развертыванием наступления? Василевский докладывал, что у вас там, под Гизелью, сложились благоприятные условия для нанесения контрудара. Думаете, что противник будет ждать, пока вы раскачаетесь?»

Ӕз дзуапп радтон, зӕгъгӕ, разы дӕн ацы хъуыдыйыл. 10-ӕм гвардион ӕмӕ 57-ӕм ӕхсӕг бригӕдтӕн, 5-ӕм гвардион ӕмӕ 63-ӕм танкон бригӕдтӕн бардзырд лӕвӕрд ӕрцыд цӕугӕдон Фыййагдоны скӕсӕйнаг былтыл Дзуарыхъӕуыӕрдӕм знаджы ныццӕвыны тыххӕй.

«Хорошо, — после небольшой паузы сказал Сталин, видимо, отыскивая на своей карте населенные пункты и расположение войск Северной группы. — Ответственность за осуществление Гизельской операции несете вы. Если все будет складываться удачно, 15 ноября жду вас с генералом Масленниковым в Москве» (Тюленев И.В. Крах операции «Эдельвейс». Орджоникидзе, 1975).

11 ноябры не ‘фсӕдтӕ бацахстой Джызӕл. Уыцы бон гитлеронтӕй сыгъдӕггонд ӕрцыд Дӕллаг Саниба дӕр. 58-ӕм ӕфсады 10-ӕм гвардион ӕхсӕг корпусы ӕфсӕддонтӕ та бацахстой Майрӕмадагӕй Фыййагдонмӕ арӕн.

«Владикавказ — наш!» — бӕрӕгбонхуыз ӕмӕ сӕрыстырӕй зӕлыд Левитаны хъӕлӕс Советон Цӕдисы радиойӕ. Советон информбюро хъусын кодта: «Многодневные бои на подступах к Владикавказу (г. Орджоникидзе) закончились поражением немцев».

15 ноябры Фӕскавказаг фронты командӕгӕнӕг Мӕскуымӕ доклад кӕнынмӕ атахт Уӕлдӕр Сӕйраг командӕгӕнӕджы ставкӕмӕ.

«…И.В. Сталин мӕ уайтагъддӕр райста, кӕд ӕнафон уыд, уӕддӕр. Ӕз Уӕлдӕр Сӕйраг командӕгӕнӕгӕн радзырдтон, знаджы джызӕйлаг къордӕн цы ахъаззаджы цӕф ныккодтам, уый тыххӕй. Сталин мӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ загъта: «Хорошо!» Дарддӕр та йӕ базонын фӕндыд, ӕфсӕдты ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты ахастдзинад куыд у, уый. Бирӕ хӕлдтытӕ, дам, ӕрцыд горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты, куыд у Арвыкомы фӕндаджы уавӕр.

Сталин Кавказ зыдта хорз. Канд чысыл горӕтты тыххӕй нӕ фарста, фӕлӕ ма хицӕн цӕрӕн бынӕттӕ, хӕххон ӕфцгуытӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ дӕр-иу раст бацамыдта. Ам, Ставкӕйы, инӕлар Тюленевы фарстӕуыд: «Куыд цӕры уым, сымахмӕ, америкаг уазӕг?» Хъуыддаг афтӕ уыд, ӕмӕ Дзӕуджыхъӕу хъахъхъӕныны бонты раззаг хаххыл уыдис АИШ-ы президенты сӕрмагонд минӕвар, инӕлар П. Хэрли, цӕмӕй сахуыр кодтаид нӕ уӕды дунеон стратегийы ахсджиагдӕр нысантӕ. Инӕлар куырдта, цӕмӕй бабӕрӕг кодтаид нӕ фронттӕй иуы, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, уый фӕндыд Кавказы фӕуын. Иван Тюленев Мӕскуыйӕ здӕхтис хорз равгимӕ. Уымӕн ӕмӕ Кавказы дарддӕр цӕттӕгонд цыдис немыцаг-фашистон ӕрдонгтӕн дыккаг цӕф ныккӕнын.

Фӕстӕдӕр фронты командӕгӕнӕгӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй Хэрли уыд акъоппыты, ӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕй дисы ӕфтыдта, фарста сӕ, ӕцӕгдӕр уыдон фӕстаг гилдзы онг, фӕстаг сулӕфты онг хӕцыдысты знаджы ныхмӕ, уымӕй.

«Фӕстаг гилдзы онг нӕма ӕрцыдыстӕм, фӕстаг сулӕфты онг, уый та ӕцӕг у, ӕрмӕст фашистон сулӕфты онг», — дзуапп радта ӕрыгон гвардион-сыбыраг лӕппу.

Ставкӕйы фембӕлдӕй дыууӕ къуырийы фӕстӕдӕр Фӕскавказы фронты ӕфсӕдты командӕгӕнӕг, ӕфсады инӕлар Иван Тюленевы номыл фыстӕг ӕрбацыд Дзӕуджыхъӕуы хъахъхъӕнынады комитеты сӕрдар Николай Мазинӕй:

«…От лица трудящихся города и всей Северной Осетии выносим сердечную благодарность вам, войскам Красной Армии, нанесшим под вашим личным руководством сокрушительный удар немецко-фашистским оккупантам»…

1942 азы 22 декабры райдыдта не ‘фсӕдты ахъаззаджы размӕбырст. 1943 азы 4-5 январы Цӕгат Ирыстон ӕппӕтӕйдӕр сӕрибаргонд ӕрцыд гитлерон тыхгӕнджытӕй.

Ӕрмӕг мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here