Уӕлахизы 75 азы: ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр — бӕрзонд ӕмвӕзадыл

0
305

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова дзы сӕрдариуӕг кодта, афтӕмӕй уыд организацион комитет «Уӕлахиз»-ы радон ӕмбырд.

Не Стыр Уӕлахизы 75 азы кадӕн ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр хъуамӕ цӕттӕгонд ӕмӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕуой ӕппӕты бӕрзонддӕр организацион ӕмвӕзадыл. Ахӕм амынддзинад Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг радта ӕппӕт бӕрнон ведомствӕты разамонджытӕн дӕр.

Ӕмбырды архайджытӕ бӕстон ӕркастысты, Уӕлахизы 75 азы кадӕн республикӕйы цы мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн, уыдоны кӕронбӕттӕн номхыгъдмӕ. Комитеты уӕнгтӕ куыд фӕнысан кодтой, афтӕмӕй бӕрӕгбонмӕ цӕттӕгӕнӕн мадзӕлттӕ ныртӕккӕ арӕзт цӕуынц Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ республикӕйы ӕппӕт районты дӕр. Азы дӕргъы арӕзт ӕрцӕудзӕн бирӕ алыхуызон дзыллон мадзӕлттӕ — патриотон акцитӕ, физкультурон-спортивон ерыстӕ, ӕфсӕддон-патриотон хъӕзтытӕ, концерттӕ, театрализацигонд равдыстытӕ ӕмӕ тематикон фембӕлдтытӕ… Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы фембӕлдтыты кадджын уазджытӕ уыдзысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕ.

Уӕлахизы бон — 9 майы та Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн ӕрвылазон ӕфсӕддон парад, Сӕрибары фӕзыл рацӕудзысты дзыллон акци «ӕнӕмӕлгӕ полкъ»-ы архайджытӕ… Бӕрӕгбоны мадзӕлтты архайджытӕ бакӕсдзысты стыр концертмӕ, изӕрӕй та уыдзӕн салют.

Муниципалитетты минӕвӕрттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй январӕй апрелы онг сӕрмагонд мемориалон фӕйнӕджытӕ бакӕндзысты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕ — Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ кӕм цардысты, уыцы хӕдзӕртты къултыл.

Уыимӕ, бӕрӕгбонмӕ баззайгӕ рӕстӕг сӕрмагонд ӕргом здӕхт ӕрцӕудзӕн хӕстон мемориалтӕ ӕмӕ хъӕбатырты ингӕнты нывылдзинадмӕ.

Оргкомитеты уӕнгтӕ ӕркастысты ӕндӕр фарстытӕм дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here