Ӕрыгон богӕлттӕ тырнынц уӕлахизмӕ

0
437

Февралы мӕй тынг хъӕздыг у хъӕбысхӕсты ерыстӕй. Нӕ республикӕйы сӕйраг Спортивон галуаны богӕлтты ерыстӕ ивынц кӕрӕдзийы. 5-ӕм февралы ам сбӕрӕг сты нӕ республикӕйы 1-аг бынӕттӕ бацахсӕг богӕлттӕ фӕсивӕды (20 азы онг) ‘хсӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй. Сӕ хӕдфӕстӕ та, Хъуылаты Базийы номыл Спортивон галуаны сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой 14-15-аздзыд богӕлттӕ уӕгъдибар ӕмӕ грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй РЦИ-Аланийы фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кодтой 280 ӕвзонг лӕппуйы. Уыдон хӕцыдысты иуӕндӕс уӕзы. Ӕвзонг богӕлтты ерыстӕ рауадысты тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Се ‘ппӕт дӕр тырныдтой хуыздӕрӕй сӕхи равдисынмӕ. Цал ӕмӕ цал хатты федтой спортуарзджытӕ, 4 баллы кӕмӕн фӕдӕттынц, ахӕм ӕппӕрстытӕ! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы кары ӕнӕнхъӕлӕджы рӕдыдтытӕ дӕр гыццыл нӕ вӕййы. Ацы хатт дӕр та федтам, ӕвиппайды цъысымы чи бахауди ӕмӕ фӕхӕрд и, ахӕм богӕлтты архайд дӕр. Уыцы фӕзындтытӕй кӕнынц цымыдисаг хъӕбысхӕсты ерыстӕ.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уӕлахиздзаутӕ систы: 38 кг — Исмаил Умашев (Мӕздӕджы р-н, тренертӕ Д. Очеретлов, Ю. Исмаилов), 41 кг — Плиты Эльбрус (РХИ, тренер Хъоцыты Т.), 44 кг — Бицъоты Давид (Алагиры р-н, тренер Хъайтмазты Т.) 48 кг — Саулохты Аслан (Кировы р-н, тренер Бестауты З.), 52 кг — Плиты Вадим (РХИ, тренер Хъоцыты Т.), 57 кг — Акъоты Сослӕнбег (Дыгуры р-н, тренер Калоты Ф.), 62 кг — Санахъоты Эрик (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер Наниты З.), 68 кг — Суанты Валери (Алагиры р-н, тренер Боциты С.), 75 кг — Наниты Леуан (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер Биазырты М.), 85 кг — Дзоцъиты Азӕмӕт (Алагиры р-н, тренер Хъайтмазты Т.), +85 кг — Джалаладян Симон (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренертӕ Тедеты В., Хетӕгкаты Л.)

Ерыстӕм цы спортуарзджытӕ кастысты, уыдоны ‘хсӕн уыдысты нӕ хъӕбысхӕсты ветерантӕ дӕр. Уыдон ӕрыгӕтты архайдмӕ кастысты тынг лӕмбынӕг ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттыл зынди, нӕ кӕстӕрты архайд сын стыр ӕхсызгондзинад кӕй хӕссы, уый. Нӕ зындгонд богӕлттӕй иу, Уӕрӕсейы 2-хатты чемпион, дунейы Кубок 2-хатты рамбулӕг Гизойты Витали кӕстӕрты ерыстӕм кӕдфӕндыдӕр фӕкӕсы ӕдзынӕгӕй. Ноджы ма ацы хатт ерысты ацы кары уӕззау уӕзы хӕцыд йӕ лӕппу Арсен. Уый бацахста 3-аг бынат, ӕмӕ Виталийы куы бафарстам, Арсен 1-аг бынат кӕй нӕ бацахста, уый дын хъыг нӕ уыд, зӕгъгӕ, уӕд фӕлмӕн бахудт ӕмӕ нын дзуапп радта: «ӕз мӕхи куыд хатыдтон ацы карӕнӕй, уый хорз хъуыды кӕнын. Мӕн дӕр-иу тынг фӕндыд уайтагъд размӕ абырсын ӕмӕ фӕуӕлахиз уӕвын. Ацы кары сӕйрагдӕр у дӕ хъарутыл баууӕндын ӕмӕ дӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнынмӕ тырнын. Арсен, кӕд 1-аг бынатмӕ не схызти, уӕддӕр йӕ архайдӕй разы дӕн, размӕ кӕй тырныдта ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕуджыты рӕсугъд ӕппарынмӕ кӕй тындзыдта, уый тыххӕй. Йӕ дарддӕры фӕндаг аразгӕ уыдзӕн, йӕхиуыл куыд куса, уымӕй. Ӕз разы дӕн, йӕ тренер Тезиаты Алан ӕй куыд ахуыр кӕны, уымӕй. Ам мах федтам бирӕ суинаг кӕстӕрты ӕмӕ махӕн, ветерантӕн, уый у уӕлдай ӕхсызгондӕр. Уырны нӕ, Ирыстоны хъӕбысхӕсты скъолайы кад дӕлӕмӕ ‘рхауын кӕй нӕ бауаддзыстӕм, уый».

Тынг цымыдисаг рауадысты грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй ерыстӕ дӕр.Ам кӕд зынгӕ къаддӕр лӕппутӕ архайдта, уӕддӕр сӕ ерыстӕ уыдысты тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Не ‘взонг богӕлттӕ сӕ уӕлахизмӕ тырнындзинадӕй ныфс бауагътой сӕ хистӕрты зӕрдӕты. Уыдоны бауырныдта, фидӕны та нӕм нӕ Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзаутӕ Бӕройты Хасан ӕмӕ Хуыгаты Аланы чи бафӕзма, ахӕм лӕппутӕ кӕй байрӕздзысты, уымӕй.

Сӕ уӕзты 1-аг бынӕттӕ бацахстой: 32-кг — Гусауты Сӕрмӕт (фӕрсагхъӕу «Хуссайраг»), 35 кг — Кодзырты Марк (15-ӕм скъола), 38 кг — Абациаты Рустем ( 15-ӕм скъола), 44 кг — Беслехъоты Зауыр (15-ӕм скъола), 44 кг — Хъуылымбегты Аслан (15-ӕм скъола), 52 кг — Тедеты Сӕрмӕт (Донгӕрон), 57 кг — Габеты Дзамболат (фӕрсагхъӕу «Хуссайраг»), 62 кг — Баситы Ацӕмӕз (17-ӕм скъола), 68 кг — Гулуты Роланд (фӕрсагхъӕу «Хуссайраг»), 75 кг — Тыджыты Сӕрмӕт (фӕрсагхъӕу «Хусссайраг»), 85 кг — Мӕргъиты Георги (15-ӕм скъола), + 85 кг — Хуыгаты Аслан (Бӕлта).

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here