“Газпром”-ы Правленийы минæвæрттимæ фембæлд

0
529

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав «Газпром»-ы Правленийы уæнг Владимир МАРКОВ æмæ «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директор Сергей ГУСТОВИМÆ фембæлды рæстæг æрныхас кодта Цæгат Ирыстоны газæфсисады хызтæ рацаразыныл æмæ дарддæры æмгуыстадыл.

Фыццагдæр уал Битары-фырт бафиппайдта, «Газпром»-ы разамынд куысты мидæг ахадгæ кадрты политикæ кæй равзæрста, уый руаджы та регионы бирæ фарстытæ аккаг хуызы лыггонд кæй цæуынц, уый.

Сергей Густовы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы фæхуыздæр ис фæлхасгонд газæн цæрджыты ‘рдыгæй фидыны фæтк. Ныхас ма рауад, хæстæгдæр рæстæг цы хъуыддæгтыл бакусдзысты, уыдоны тыххæй дæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here