Фидар Уæрæсе — цардхъомыс адæм

0
252

Знон уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ.

Депутаттæ боны фæткмæ рахастой иунæг фарст — «Хицаудзинады архайды хицæн фарстытæй растдæр пайда кæныны куыст банывыл кæныны тыххæй» Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл Уæрæсейы Федерацийы закъоны тыххæй фарст. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, ныхас цæуы, амæй размæ Уф-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ æртыккаг, фæстаг бакасты кæй сфидар кодтой, бæстæйы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоныл. Паддзахадон Думæйы депутаттæм ивддзинæдтæм æркæсынмæ балæвæрдта Уæрæсейы Президент Владимир Путин.

Фарсты фæдыл æмбырды раныхас кодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур. Куыд загъта, афтæмæй ивддзинæдтæн сæ бындур сты нæ бæстæйы Президенты ацы азы 15 январы Æрвыстæджы сæйраг хъуыдытæ.

— Адæм уыцы ивддзинæдтыл куы схъæлæс кæной, æмæ Конституцимæ хаст куы æрцæуой, уæд нæ бæстæйы Сæйраг закъоны æрцæудзæн бындурон ивддзинæдтæ, æмæ уый нæ бæстæйы фидардзинадæн уыдзæн тынг ахсджиаг. Дуне ивы, нæ бæстæйы алыварс ивддзинæдтæ цæуы, æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, рæстæджы домæнтæн хъæуы дзуапп дæттын, царды размæцыд æййафын», — загъта депутат.

Конституцимæ ивддзинæдтыл бакуыста ахуыргæндты æмæ политикты стыр къорд. Ивддзинæдтæн сæ фылдæр баст сты Уæрæсейæн йæ арæзтимæ, йæ территориалон фидардзинадимæ, царды бындурон хæзнатимæ, бинонтæ æмæ къайад бахъахъхъæнынимæ, адæмы раз социалон хæстæ æххæст кæнынимæ, бынæттон хиуынаффæйадæн фылдæр бартæ раттынимæ.

Ивддзинæдтæн сæ нысан у конституцион сарæзты бындуртæ, адæймаг æмæ гражданины бартæ æмæ сæрибартæ фидардæр кæнын.

— Уæрæсейы цæры бирæ адæмыхæттытæ, æмæ уымæй нæ бæстæ алкæддæр уыд фидар. Нæ ныхмæ ныртæккæ ис бирæ дзурджытæ. Уыдоны фæнды Уæрæсе лæмæгъæй уынын, адæмы ‘хсæн быцæутæ цæмæй æвзæра, ууыл у сæ архайд. Уымæ гæсгæ ивддзинæдтæ ахъаз уыдзысты нæ бæстæйы фидардзинад æмæ сабырдзинадæн, Уæрæсейы цæрæг алы адæмыхæттытæн цæмæй нымад цæуой сæ бартæ æмæ сæ интерестæ, — загъта Ортабайы-фырт.

Ацы фарсты фæдыл ма йæ фиппаинæгтæ загъта Парламенты депутат Тохъайты Нох дæр. Парламенты депутаттæ Конституцимæ ивддзинæдтæ банымадтой хорзыл æмæ схъæлæс кодтой сæ бахæссыныл. Уый фæдыл æмбæлгæ документ æрвыст æрцæудзæн УФ-йы Федерацийы Советмæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы аз 22 апрелы ивддзинæдтæ Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ бахæссыныл хъæлæс кæндзысты нæ бæстæйы адæм. Уый дæр у, закъоны проект кæй фидар кæны, хъæлæс кæныны æппæтуæрæсеон ног процедурæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here