Нымад лæгæн — аккаг хæрзиуæг

0
285

Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр Совет»-ы хистæрты советы сæрдар Томайты Шамил хорзæхджын æрцыд майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй.

Томайты Шамилæн йæ 80 азы бон кадджын хæрзиуæг радта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

— Цæгат Ирыстоны цæрджыты номæй дын арфæ кæнын дæ юбилейы фæдыл! Бирæ азты дæргъы фæлæггад кодтай республикæйæн æмæ абон дæр национ æгъдæуттыл ахуыр кæныс фæсивæды, семæ кæныс стыр хъомыладон куыст æмæ дын уый тыххæй кæнын уæлдай арфæ, — загъта Битарты Вячеслав.

Томайты Шамил бузныг загъта республикæйы Сæргълæууæгæн æмæ бафиппайдта, Цæгат Ирыстоны разамынды æппæт хъарутæ дæр адæмы цард фæхуыздæр кæнынмæ арæзт кæй цæуынц, уый.

— Ацы хæрзиуæг мын тынг бæрзонд æмæ зынаргъ у. Мæнмæ гæсгæ, уый аккаг сты, Цæгат Ирыстоны хорздзинадыл чи архайы, уыдон се ‘ппæт дæр. Стыр бузныг! — загъта Шамил.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here