Адæмæн — фадатджын æмæ аслам цæрæнуæттæ

0
283

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг КÆСÆБИТЫ Игорь æй амыдта, афтæмæй уыдис граждæнты хицæн хæйттæн цæрæнуæттæ дих кæныны фæдыл кусæг къорды æмбырд.

Зындгонд куыд у, афтæмæй республикæ архайы «Уæрæсейы Федерацийы цæрджытæн фадатджын æмæ аслам цæрæнуæттæ дæттыны, коммуналон лæггæдтæ сын кæныны» федералон программæйы. Уый фæрцы федералон закъонæвæрынадæй фидаргонд граждæнты хицæн категориты раз æххæстгонд цæуынц паддзахадон зæрдæдарæнтæ. Уыцы адæмы номхыгъды сты, æнæбары сæ цæрæн бынæттæ чи ныууагъта, уыдон дæр.

Фарон æппæт уыцы нысантæн лæвæрд æрцыд 1,8 миллиард сомы, ацы аз та сын радих кæндзысты  2,34 миллиард сомы. Æмбырды архайджытæ æркастысты, 2020 азы цæрæнуæтты сертификаттæ чи райсдзæн, уыдоны гæххæттытæм.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур куыд загъта, афтæмæй хъуамæ æппæт æмвæзады хицаудзинады оргæнтæ дæр сæ куыст афтæ рацаразой, цæмæй, сертификаттæ кæмæн æмбæлы, уыдоныл рæвдздæр сæмбæлой.

 

Янæ ВОЙТОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here