Арфæтæ — хуыздæртæн

0
394

Знон республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сбæрæг кодтой сæ профессионалон бæрæгбон. Уый фæдыл республикæйы Национ наукон библиотекæйы уыд кадджын æмбырд.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады нырыккон комплекс у, йе ‘нтыстджын куыстæй тынг бирæ аразгæ кæмæй у, ахæм вазыгджын системæ. Йæ куыст ахсджиаг у  республикæйы алы цæрæгæн дæр. Уымæ гæсгæ къабазы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус, РЦИ-Аланийы Цардыуаджы домæнтæ æххæст кæныны профцæдисты сæрдар Дзусты Анатоли æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады  кусджытæн арфæ ракодта  Тускъаты Таймураз:

— Республикæйы Сæргълæууæлжы æмæ уын  мæхи номæй  зæрдиаг арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл. Не ‘ппæт дæр æвдисæн стæм, республикæ размæ куыд цæуы, йæ хуыз куыд ивы, куыд рæзынц æмæ парахат кæнынц æхсæнадон царды æппæт къабæзтæ дæр. Цæмæй уыдон æнтыстджын уой, æмæ нæ адæмы цард хуыздæр  кæна, уым бирæ аразгæ у цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æнæкъуылымпы куыстæй. Æмæ уæ алчи йæ бынаты бæрнон кæй у æмæ йæ хæстæ æнæзæрдæхудтæй кæй æххæст кæны, уый тыххæй уын стыр бузныг. Нæ куысты фæдыл мах бахъæуы арæх фембæлын, æмæ æнæ бафиппайгæ нæ вæййы уæ бæрнондзинад, стæй, ахсджиаг, фылдæр хатт та зын фарстытæ лыг кæнынмæ уæм ныфс кæй разыны, уый. Мæ зæрдæ дарын, нæ республикæйы уавæр хуыздæр кæныныл æмæ йын йæ гæнæнтæ фылдæр кæныныл дарддæр дæр иумæ кæй кусдзыстæм, ууыл.

Республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй, æрмæст 2019 азы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады  министрад цы лæггæдтæ бакодта, уыдоны аргъ рауад 15 миллиард соммæ хæстæг.

— Фæлхасгæнджытæм фæхæццæ кодтам 945 милуан кубометры æрдзон газ, афæдзы дæргъы фæлхасгæнджытæ цы электрон тыхæй спайда кодтой, уымæн йæ иумæйаг бæрц рауад 1,5 милуан киловатт-сахаты. Æмæ алы æнтыстæн, алы хорз бæрæггæнæнæн æмæ сæххæстгонд нысанæн йæ фæстæ ис фæллойгæнæг адæймаг, æнтыст къухы кæй фæрцы бафтыд, ахæм кусæг, æмæ  уе ‘ппæтæн дæр стыр бузныг, — загъта министр.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хуыздæр кусджытæн, иттæг дæснытæн æмæ, къабазы бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй чи бакуыста, уыдонæн лæвæрд æрцыд республикæйы кады нысантæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады  бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй «РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сгуыхт кусæджы» кадджын ном лæвæрд æрцыд: Билаонты Алыксандрæн — Дыгуры районы донуадзæн хызæгты муниципалон унитарон куыстуат «Коммунальщик»-ы мастерæн; Остъаты Георгийæн — цæрæнуатон кооператив «ЖСК-2»-ы правленийы сæрдарæн æмæ Тогызты Феликсæн — Дзæуджыхъæуы муниципалон бюджетон куыстуат «Радгæс-диспетчерон иумæйаг службæ»-йы директорæн.

Республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады бирæ азты дæргъы кæй кусынц æмæ сæ хæстæ æнæзæрдæхудтæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй  къорд кусджытæн лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Кады грамотæтæ, РЦИ-Аланийы Парламенты Кады грамотæтæ, РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады Кады грамотæтæ æмæ Цардыуаджы домæнтæ æххæст кæныны уæрæсейаг профцæдисты Цæгат Ирыстоны республикон организацийы Грамотæтæ.

«Хуыздæр социалон æмкусæг», зæгъгæ, ацы номинацийы та Профцæдисты Центрон Комитеты Сыгъзæрин нысанæй «Профцæдисты йæ аккаг бавæрæны тыххæй» хорзæхгонд æрцыд муниципалон унитарон куыстуат «Владсток»-ы директор Дойаты Сергей.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

Къам систа

КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here