Футбол. Уæрæсейы чемпионат. Дыккаг къорд

0
419

Уæрæсейы дыккаг къорды футболон командæтæ 14-æм мартъийы акодтой 2019—2020-азты чемпионаты радон хъæзтытæ.

Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзыл фембæлд «Краснодар—3»-имæ. Нæ республикæйы сæйраг стадионмæ цы аст мины бæрц спортуарзджытæ æрбацыд, уыдоны нæ футболисттæ нæ фæфыдæнхъæл кодтой.

Хъазтæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ фысымтæ тырныдтой краснодайрæгты фидæрттæ батонынмæ. Иу ныббырст иннæйы фæстæ аразгæйæ, уазджытæн фадат нæ лæвæрдтой стыр тыхтæй «Алани»-йы дуармæ хæстæг æрбаирвæзынæн. Уазджытæн æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ сæ тых-сæ бонæй сæ иварон фæзмæ бацæуæнты хъазуатонæй хъахъхъæдтой сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ. Ахæм уавæры пурти хызыл сæмбæлын кæнынæн фæндаг ссарын æнцон нæ вæййы, æмæ нæ хъазджытæ тæссаг уавæртæ кæд цалдæр сарæзтой, уæддæр сын хъазты фыццаг хайы пурти сæ ныхмæлæуджыты дуары бакъуырын бантыст æрмæстдæр иу хатт.

Нæ футболистты радон ныббырстæн хорз кæронбæттæн скодта нæ æрдæгразмæбырсæг Хæбæлаты Алан. Уый тыхджын цæф бауромынмæ нал фæцарæхстысты уазджыты хъахъхъæнджытæ æмæ дуаргæс, афтæмæй 22 минутыл хыгъд сси 1:0 «Алани»-йы пайдайæн. Уый фæстæ дæр ма фысымтæ æппынкъаддæр 3-4 хатты хæстæг уыдысты хыгъд фæфылдæр кæнынмæ, фæлæ уазджытæ къæрцхъус фæлæууыдысты, æмæ фыццаг тайм ахицæн 1:0-æй. Хъазты дыккаг æмбисы «Алани» йæ архайд нæ фæсабырдæр кодта. Иу иннæйы фæстæ æвзæрдысты тæссаг уавæртæ «Краснодар-3»-ы иварон фæзы.

Фысымты ныббырстытæй иуы 50-æм минутыл краснодайрæгтæ цъысымы куы бахаудысты, уæд сæ иварон фæзы хъазты фæтк фехæлдтой, æмæ сæ тæрхонгæнæг 11-метрон цæфæй фæивар кодта. Нæ размæбырсæг Ислам Машуков иварон цæф ныккодта æнæрæдигæйæ, æмæ хыгъд сси 2:0.

Ууыл дыууæ минуты дæр нæма рацыд, афтæмæй та нæ лæппуты æвиппайды  ныббырсты Ислам Машуков пурти уазджыты хызы смидæг кодта. Хыгъд сси 3:0, фæлæ уæддæр фысымтæ сæ архайд фæсабырдæр кæнынвæнд нæма кодтой. Ноджы ма сæ разæнгард кодтой  футболуарзджытæ. Хъазты 62-æм минутыл нæ командæйы капитан Зассеты Азæмæт дæрдзæфæй ныхъхъавыд уазджыты дуармæ æмæ  пурти  сæ хызы фæмидæг ис.

Уый фæстæ дæр ма нæ командæ сарæзта цалдæр ныббырсты, æмæ хъазт ахицæн 4:0 хыгъдæй.

Афтæмæй, 19-æм хъазты фæстæ «Алани»-мæ ис 46 очкойы æмæ раздæрау нæ дæлкъорды ахсы 2-аг бынат.

Нæ разæй цæуæг командæ «Волгарь»  Налцыччы «Спартак»-имæ хъазгæйæ, фæуæлахиз 4:0 хыгъдæй æмæ раздæрау цæуы 1-аг бынаты, махæй йæм ис 4 очкойы фылдæр.

Ныр «Алани» 21 мартъийы уазæгуаты фембæлдзæн йæ сæйрагдæр ныхмæлæууæгимæ Астрахæны. Ацы фембæлд тынг цымыдисаг кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу. «Алани»-йы иузæрдион фарсхæцджыты уырны, нæ лæппутæ Астрахæны дæр сæхи сæрæнæй кæй равдисдзысты, уый, æмæ сæ уырдæм зæрдиагæй фæндараст кæндзысты.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here