Уæлахизы бон 9-æм майы кадæн парады Æнæмæлгæ полчъы кæй портреттæ рахæссынц, уыдонимæ вæййы мæ фыд дæр. Хæстæй ссыд дыууæ лæдзæгимæ. Æз дæр, бирæтау, хæсты сывæллон дæн. Ныр кæм цæрын, уыцы хъæу Комсомолск кæддæр Даскоф хуындис. Чысыл хъæу уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дзы 70 хæдзарæй фылдæр нæ уыд.
Хъæуы хæстхъом адæмы хæстмæ акодтой, баззадис ма дзы зæронд лæгтæ æмæ сылгоймæгтæ сæ сывæллæттимæ. Хæсты фæстæ-иу скъолайæ хæдзармæ куы цыдыстæм, уæд-иу нын зæронд устытæ хæсты хабæрттæ дзырдтой. Немыцаг фашисттæ, дам, нын нæ чысыл хъæу Даскоф дæр бацахстой. Фæлæ уæдмæ цæрджытæй бирæтæ сæ сывæллæттимæ Кæсæджы хъæутæм ацыдысты. Хъæуы ма цы зæронд лæгтæ æмæ устытæ баззад, уыдон дæр сæхи æмбæхстой немыцаг тыхгæнджытæй.
Фашисттæ хъæдмæ сæ хæцæнгæрзтæ ластой ацы хъæуыл. Хъæугæрон æрхы йæ æфтауц кодтой. Уырдыгæй та йæ Кæрдзыны рагъыл Елхоты сæрмæ Æрджынарæгмæ хъæдты хастой. Хъæуы цæрæг зæронд сылгоймæгтæ аууон рæтты акъоппытæ скъахтой æмæ-иу сæ уырдыгæй хъахъхъæдтой. Быгъуылты Бабули, Мæргъиты Надя, Касаты Олгъæ, Мæргъиты Настъа æмæ Плиты Къато сбæрæг кодтой, хæцæнгæрзтæй йедзаг машинæ æрхы был кæм бауромы, уый. Иуахæмы бавдæлдысты æмæ æрхы был дзыхъ скъахтой, йæ сыджыт ын æддæуæз апырх кодтой, йæхи уæлæ та йын хус кæрдæг æркалдтой. Æхсæвы йыл уæзласæн машинæ куы батылд, уæд фæфæлдæхт, халæн æрмæг срæмыгъта, æмæ машинæ ныппырх. Уæдæй нырмæ 78 азы рацыди, фæлæ абоны онг дæр уыцы фæндаг “машинæйы хæлд фæндаг” хонынц адæм. Мах-иу зæронд устытæ семæ акодтой цым тонынмæ æмæ нын-иу уыцы фæндаджы хабар дæр радзырдтой.
Ныртæккæ нæ хъæуы ничиуал ис хæсты архайджытæй. Уæды зæронд устытæ дæр се ‘нусон дунемæ ацыдысты.
Немыцаг фыдгæнджытæ Ирыстонæй куы лыгъдысты, уæд халæн æрмæг алы рæтты калдтой фæндæгты, фосхизæнты, хъæдмæ бацæуæнты…
1943 азы хъæуы зæронд лæгтæ Таутиаты Мося, Токаты Бысан, Хадыхъаты Уырысхан, Мæргъиты Георги сыгъдæг кодтой алфамбылай, цæмæй халæн æрмæг фыдбылыз макæмæн æрхæсса, фæлæ уæддæр хъæубæстæ æвыдæй нæ баззад. Хъæумæ хæстæг халæн æрмæг схæцыд Касаты, Мæргъиты æмæ Чысиаты æртæ лæппуйыл æмæ æртæйæ дæр фæмард сты.
Ацы хабæрттæ-иу нын кодтой зæронд устытæ, быдыры куыстыты-иу сихоры улæфт куы кодтам, уæд, æмæ сæ мæ зæрдыл бадардтон. Мæнгæй нæ фæзæгъынц: адæймаг гыццылæй цы фены æмæ фехъусы, уыдон дзы нæ рох кæнынц.
БИТАРТЫ Катя,
Комсомолскы хъæу












