Ирыстоны спортуарзджытæ тынг цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты Уæрæсейы дыккаг къорды командæты чемпионаты уалдзыгон ерысты райдайæнмæ.
Нæ командæ «Алани» фарон йæхи куыд хъомысджынæй равдыста, уый футболуарзджыты баууæндын кодта, нæ футболисттæ ацы азы чемпионаты æрмæстдæр фыццаг бынатмæ кæй тырндзысты, ууыл. Æмæ, æцæгæйдæр, «Алани» фарон фæд-фæдыл дыууадæс хъазты кæй рамбылдта, æмæ йæ сæрæн архайдæй футболуарзджыты ныфс кæй бауагъта, уый бирæйы аргъ у.
Нæ командæйы ацы азы фыццаг хъазт уыди «Краснодар-3»-имæ нæхи фæзы, æмæ уырдæм цы дæс мины бæрц спортуарзджытæ æрбацыд, уыдон федтой, нæ футболисттæ хорз цæттæ кæй сты ацы азы ерыстæм æмæ кæй тырнынц сæ иузæрдион фарсхæцджыты зæрдæтæ барухс кæнынмæ.
Уыцы фембæлды «Алани» фæуæлахиз 4:0 хыгъдæй, æмæ иууылдæр федтой, нæ командæ ноджы карздæр тохтæм дæр цæттæ кæй у, уый. Уыцы хъазты фæстæ 21-æм мартъийы «Алани» хъуамæ фембæлдаид йæ сæйраг ныхмæлæууæг Астраханы командæ «Волгарь»-имæ уазæгуаты.
Иууылдæр æй зыдтой, «Алани» Астраханмæ æрмæстдæр фæуæлахиз уæвынмæ кæй цæудзæн, уый. Уырдæм ацæуынмæ сæхи цæттæ кодтой нæ командæйы фарсхæцджытæ дæр.
Хъыгагæн, ацы балц æндæр рæстæгмæ æргъæвд æрцыди, æмæ ныр «Алани» æмæ «Волгарь»-ы фембæлд кæд уыдзæни, уый бæрæг нæма у. Ацы уавæры аххосаг у, æгас дунейы цы ног низ рапарахат, уый дæр.
17-æм мартъийы Мæскуыйы Уæрæсейы Футболон иугонды бюро уынаффæ рахаста æппæт къордты футболон чемпионаттæ дæр рæстæгмæ (10-æм апрелы онг) бауромын.
Ацы бардзырдмæ гæсгæ «Алани»-йы æртæ хъазты: «Волгарь», «Махачкала» æмæ «Машук КМВ»-имæ хаст æрцыдысты фæстæдæрмæ.
Цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак зæгъы: «Мах нæхи сæрмагондæй цæттæ кодтам «Волгарь»-имæ фембæлдмæ, фæлæ, хъыгагæн, нæ ныхмæлæуд æндæр рæстæгмæ хаст æрцыди. Ныр нæ архайын хъæуы ма фæкъуылымпы уæвыныл. 23 мартъийы райдайдзыстæм нæхи цæттæ кæнын, æмæ нын кæд фадат фæуа, уæд хъуамæ æндæр командæтимæ архайæм иу-дыууæ æмбаладон фембæлды. Бæргæ, куы нын фæуаид, нæхицæй уæлдæр къорды чи хъазы, ахæм командæтимæ фембæлыны фадат. Архайдзыстæм, цы амал ис, уымæй, цæмæй карантин куы фæуа, уæд цæттæ уæм, ууыл. Тынг нæ фæнды нæ иузæрдион фарсхæцджытæ æмæ æгас Ирыстоны футболуарзджытæн нæ хъазтæй стыр лæвар скæнын. Нæ лæппутæ иууылдæр уыцы зондыл хæст сты, æмæ мæ уырны, ацы зын уавæры кæй нæ фæцуддзыстæм, уый».
БАСКАТЫ Уырызмæг












