Уæддæр дзы фыды зæххæн æмбал нæй

0
348

«Рæстдзинад»-ы уазæг уыд, ныр бирæ азты Америчы чи цæры, ахæм ирон лæг МÆРЗОЙТЫ  Артур. Йæ бинойнаджы хо куыста Америчы æмæ, хъуыддаг куы бакодта, уæд фыццаг йæ бинойнаг ацыд уырдæм, дыууæ азы фæстæ та йæхæдæг:

— Артур, куыд афтыдтæ Америкмæ? Цы  куыстыл хæст дзы уыдтæ?

— Америкмæ ацыдтæн 1991 азы зымæджы. Фыццаг куыстон машинæтæ æхсæгæй. Ноджы ма уыцы зымæг ахæм уазал уыд æмæ диссаг. Куыстон италийæгтæм, сæумæрайсом-иу райдыдтон æмæ æмбисæхсæвмæ — 10-12 сахаты, фидгæ та мын кодтой 20 доллæры.

— Уыцы 20 доллæрæй цы балхæнæн уыд?

— Сигаретты пачкæ уæд уыд 1,8 доллæры, дзул балхæнæн уыд асламæй дæр, зынаргъæй дæр. Уæд фæцæрæн уыд уыцы æхцайæ, абон та сигаретты пачкæ у 10 доллæры. Цардыстæм пъадвалы æмæ фыстам 450 доллæры алы мæй дæр. Ноджы ма æвзаг дæр куы нæ зонай, уæд тынг зын у. Уыцы рæстæг нæ регистраци скодтой æмæ мын радтой  номыр. Уыцы номырмæ гæсгæ дæ кæмфæндыдæр ссардзысты. Уый у паспорты хуызæн. Уый размæ та, ахъуыды кæн, рояль 9-æм уæладзыгæй æруадзын хъæуы. Æмæ-иу бирæтæ уыцы уæззау куыстæн нæ фæрæзтой. Дæ куыст æрдæгыл куы ныууадзай, суанг кæронмæ хæстæг, уæд  дæр дын ницы бафиддзысты. Дæ куыст фæуыдзæн дзæгъæлы.

Иу сомихаг хæларимæ куыстон, уый мæ бакодта кусынмæ. Сæумæрайсом-иу фондз сахатыл райдыдтам æмæ сихормæ хæстæг йæ бон нал баци кусын æмæ йæ ныууагъта. Уый фæстæ шофыры гæххæттытæ  райстон, æмæ мын фенцондæр. Зæронд устытæ æмæ лæгты ластон дохтыртæм. Уым мын къуыримæ фыстой 250 доллæры æмæ дзы бакуыстон фондз азы. Фидгæ та мын кодтой дыууæ къуырийæ дыууæ къуыримæ. Мæ фатер дæр баивтон æмæ йын фыстон 600 доллæры. Хорз фатер уыд. 10-12 азы фæцардтæн штат Нью-Йорчы. Нью-Йорк у фондз хайæ:  Манхэттен, Бруклин, Бронкс, Квинс æмæ Статен-Айленд. Цардтæн Квинсы. Фæстæдæр зонгæйы фæрцы кусын райдыдтон егъау автомашинæйыл. Æхсæвыгæтты продукттæ ластам Манхэттены. Бонæй егъау машинæтæ хъыгдаргæ кæнынц дуканитæм бацæуæнты. Уæд куыстон кæйдæр машинæйыл кæмæндæр. Уый фæстæ балхæдтон машинæ æмæ ма æрбакодтон нæхи ирон Тулаты Тамичы, æмæ куыстам иумæ. Нью-Йоркæй ацыдтæн Нью-Джерсимæ, Пенсильванийы æмбырд кæнынц фæсивæд. Ирæттæй 10-15 азæй фылдæр чи цæры уым, уыдон сты штат Нью-Джерсийы, горæт Линдоны. Хистæрæн дзы фæстагмæ уыд Цæллагты Чермен. Ныр рацыд Ирыстонмæ.

— Ирæтты æхсæнад арæх æмбырд кæны?

— Æнæмæнг, æмбырд кæнынц стыр бæрæгбоны Джеоргуыбайы. Куывдтæ, чындзæхсæвты рæстæг. Нæ бæрæгбæтты иууылдæр дзурæм иронау.

— Дæхи хæдзар дын ис Америчы?

— Иу хæдзар мын уыд æмæ йæ ауæй кодтон, дыккаг хæдзар дæр ауæй кодтон. Уым хи хæдзар зын дарæн у, зынаргъ цæуы. Цы районы цæрыс, уымæ гæсгæ фидыс хъалон. Зæгъæм, фæстагмæ цы хæдзар ауæй кодтон, уымæн хъалон фыстон 1 мин доллæры мæй. Уым хъалон фидыс зæххæн, æмæ йыл цы хæдзар лæууы, уый кæлæддзаг куы уа, уæддæр ын фиддзынæ. Зæххы хъалон та сабыргай, фæлæ афæдзæй-афæдзмæ кæны фылдæр, уымæ гæсгæ хи хæдзар пайда нæу. Уым адрис фыст цæуы шофыры барты гæххæтты. Дæ адрис аивтай, уæд цæуыс паддзахадон автоинспекцимæ, уым кæсынц рухс, газæн дын хæстæ нæй, уæд дын дзы фыссынц ног адрис.

— Исты исбон дын дæхи номыл ис уым?

— Уым дæм исбон куы уа, уæд баст дæ. Зæгъæм, фатер дæм куы уа æмæ йæ фатердæтджытæм радтай, уæддæр æм æдзух цæст дарын хъæуы, кæннод дзы хуыдон рауайын кæндзысты. Машинæйы хабар та афтæ у, бацыдтæ æмæ райс машинæ, мæнæ ам прокат куыд у, афтæ. Дæ бон ыл кусын у æртæ азы, цы æмбæлы, уымæй фылдæр ыл куы ацæуай, уæд уыцы километртæн хъæуы фидын. Æнæуи та йæ æртæ азы фæстæ бакæн æмæ ног машинæ райс. Цалцæг æй кæны, кæмæй йæ райстай, уыцы компани, суанг йæ цалх куы суадза, уæддæр сæм бадзур, æмæ йæ баивдзысты. Æз уым 28 азы фæцардтæн, фæлæ мæ зæрды æрыздæхын ис Ирыстонмæ. Мæ чызг Мишель  уым райгуырд, хорз ахуыр кодта æмæ ардæм не ‘рбацæудзæн, ирон нæ, фæлæ уырыссаг æвзаг дæр нæ зоны. Æвзаг кæй сæфы, уый нæ тыхсын кæны, фæлæ йын нæ бон ницы у.

Цыфæнды куы уа, уæддæр дзы фыды зæххæн æмбал нæй. Уый нæ баивдзысты нæдæр бирæ æхцатæ, нæдæр бирæ хъæздыгдзинæдтæ.

Афтæ фæцис йæ ныхас, бирæ азты Америчы чи фæкуыста æмæ Ирыстонмæ æрыздæхын фæнд фидарæй кæмæ ис, уый — Мæрзойты  Артур.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here