Фондз азы размæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 70 азы кадæн Мæздæджы ног микрорайоны кæй сарæзтой, уыцы скверы зынгхуыст хæстонты рухс нæмттæ æрымысынæн талатæ садзын райдыдтой.
Мæздæджы хъæды хæдзарады хæдтулгæ æрбаласта сусхъæды 150 талайы, æмæ сæ садзынц скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, спортсментæ, тренертæ, администрацийы кусджытæ, депутаттæ.
— Æппæт ахуыргæнæндæтты дæр ис Уæлахизы 75 азы кадæн экспозицитæ, скъолаты музейты сарæзтой равдыстытæ. Сывæллæттæ скъолаты кæнынц агурæн, иртасæн куыст. Кæд адæм коронавирусæй тæрсынц, уæддæр иумæйаг хъуыддаджы зæрдиагæй архайынц. Сывæллæттæ акцийы хабар куы базыдтой, уæд мæ баййардтой: «Бæлæстæ садзынмæ кæд ацæудзыстæм? Бæлæстæ садзынмæ кæд ацæудзыстæм?» — зæгъы Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады æххæсткомы уæнг, Мæздæджы скъола-интернаты директор Иринæ Гречаная.
Иуæй-иутæ та æппæт бинонтæй дæр æрбацыдысты. Кæстæртæ æххуыс кодтой хистæртæн. Иутæ дзыхъхъытæ къахтой, иннæтæ талатæ сагътой, æртыккæгтæ та сыл дон кодтой. Алы тала дæр у хъæбатыры сгуыхтдзинады æвдисæн.
— Не ‘ппæты хæс дæр у зынгхуыст хæстонты рухс нæмттæ бахъахъхъæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæн фехъусын кæнын, — загътой акцийы архайджытæ.
Акци «Номарæн бæлæстæ»-йы фæткмæ гæсгæ талатæ рæхджы ныссадздзысты Уæлахизы парчы æмæ районы хъæуты дæр.
Евгения ВЫБОРНАЯ












