Бирæкъабазджын центры лæггæдтæ

0
237

Цæгатирыстойнæгты зæрдыл лæууын кæнæм: Уæрæсейы Пенсион фонды бæрны уæвæг фарстыты фылдæр хайы тыххæй уын ис Паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдтæ æххæстгæнæг бирæкъабазджын центртæм бахатыны бар.

Нæ республикæйы ис бирæкъабазджын центрты 11 филиалы. Адæмæн лæггад кæнынæн дзы ис 211 рудзынджы. Адæмы удæнцойдзинадæн  æрвылбон кусынц 8 сахатæй 20 сахаты, сабаты та — 16 сахаты онг.

Бирæкабазджын центртæ æххæст кæнынц бæстæйы Пенсион фонды ахæм паддзахадон лæггæдтæ:

— сæвæрынц фæдзæхстадон, æмбырдгæнæн æмæ паддзахадон пенсион ифтонгады  пенситæ;

— бафидынц фæдзæхстадон, æмбырдгæнæн æмæ паддзахадон пенсион ифонгады  пенситæ;

— сæвæрынц пенсийæн федералон социалон уæлæфтуан;

— радтынц ныййарæджы капиталы паддзахадон сертификат;

— æрныхас кæнынц ныййарæджы капиталы фæрæзтæй спайда кæныны  куырдиатыл;

— адæмæн фехъусын кæнынц къорд социалон лæггады хуызы паддзахадон социалон æххуыс бакæныны тыххæй;

— хъусын кæнынц «Æнæмæнг æххæстгæнинаг пенсион фæдзæхстады системæйы адæймаджы хицæн хыгъды тыххæй» æмæ «Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгæнæн пенси æхцайæ æфсадынæн фæрæзты инвестицикæнынады тыххæй» федералон закъонтæм гæсгæ æнæмæнг æххæстгæнинаг пенсион фæдзæхстады системæйы фæдзæхстгонд адæймæгтæн сæ хицæн хыгъдты уавæр;

— пенсион æмбырдгæнæн фæрæзтæ аразыны æмæ сыл инвестицитæ кæныны, стæй ацы фæрæзты фæдыл уынаффæтæ хæссыны рæстæг фæдзæхстгонд адæймæгтæ сæ бартæ цæмæй сæххæст кæной, уый тыххæй сын сæ куырдиæттæ райсынц æмæ сыл ныхас кæнынц;

— адæмæй анкетæтæ исынц æнæмæнг æххæстгæнинаг пенсион фæдзæхстады системæйы регистраци кæнынæн;

— адæмæн гæххæттытæ дæттынц пенситы, стæй æндæр фиддонты бæрцы тыххæй.

Бирæкъабазджын центртæ кæй æххæст кæнынц, уыцы пенсион лæггæдты нымæцыл иудадзыг æфты. Адæймагæн ис Пенсион фонды лæггæдты æххæст номхыгъдимæ бæстæйы Пенсион фонды сайты (www.pfrf.ru) базонгæ уæвыны бар.

Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын центры адристæ: Къостайы проспект, 15, Мичурины уынг, 67 æмæ Цоколайы-фырты уынг, 5.

 

КЪНАТТАТЫ Маринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here