Дзулæй хъуаг нæ уыдзыстæм

0
389

Республикæйы дзулфыцæн куыстуаты директор ЦХУЫРБАТЫ Вадимы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсеимæ арæн æхгæд кæд æрцæуа, уæддæр Хуссар Ирыстон æнæ дзулæй нæ баззайдзæн. Куыстуаты æвæрæнты цы ссад ис, уый цалдæр мæйы дæргъы дзул фыцынæн фаг у.

— Уæрæсеимæ арæныл фидаргонд гæрæнтæ хойрагыл хъуамæ ма аххæссой. Хæсты рæстæг нæ адæмæн дзул фаг кодта, карантины рæстæг дæр дзулхъуаг нæ уыдзыстæм. Республикæйы районты стыр дзулфыцæн куыстуæттæм дæр ссад фаг ис. Иуæй-иу хъæуты сæргълæуджытæ дæр нæм ссад аласынмæ æрбацыдысты. Чысыл сабитæ кæмæн ис, карантины рæстæг нæ уыцы кусджытæн цыбыргонд кусгæ бон сфидар кодтам, — загъта Цхуырбайы-фырт.

Директоры ныхасмæ гæсгæ, вирус Уæрæсейы кæй ахæлиу, уый аххосæй ссад фæзынаргъ. Иуæй-иу куырæйттæ ссады аргъыл 20-50 сомы кæд бафтыдтой, уæддæр дзулфыцæн куыстуаты уагъд хойраг нæ фæзынаргъ.

Рæхджы куыстуат ссад æмæ сæкæр балхæныны фæдыл ног  бадзырдтæ сфидар кæндзæн. Сæкæр стыр бæрцæй балхæныны фæдыл куыстуат бадзырд кæй сфидар кæндзæн, уый фæрцы сæкæр бæлвырд фæаслам уыдзæн.

 

(Информацион агентад «Осинформ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here