Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы цы фæсарæйнаг студенттæ ахуыр кæны, уыдоныл бамæт кæнын уæлдæр скъолайы нымайынц ахсджиаг хъуыддагыл. Сты 400 адæймагæй фылдæр.
Ацы бонты сæ бабæрæг кодтой бархионтæ, базонгæ сты сæ царды уавæртимæ, семæ аныхас кодтой сæ тыхстаг фарстытыл. Бацархайдтой, цæмæй сæхи хуыздæр æнкъарой, загътой сын ныфсы ныхæстæ, радтой сын, бахъуаджы рæстæг сæ бон бадзурын кæдæм уыдзæн, ахæм телефонты номыртæ.
Фæсарæйнаг студенттæн сæхи дæр фæнды бархионтимæ кусын, сæ бон цас у, уымæй республикæйы дзæбæхгæнæн кусæндæттæн æххуыс кæнын. Бархионтæ сын æрбахастой хойраджы продукттæ. Уыцы æххуыс бакодтой Дзæуджыхъæуы амалхъомтæ. Медакадемийы администраци та æмдзæрæнæн фиддоны бæрц фæкъаддæр кодта.
Нæ уацхæссæг












