Проект «Номарæны фæндаг»-мæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны æфсæддон комиссарады æрæмбырд кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 40 мин архайæгæй фылдæры тыххæй хабæрттæ.
«Номарæны фæндаг» нымад у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты алы архайæджы тыххæй бæрæггæнæнты иумæйаг номхыгъдыл. Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты сæйраг кувæндон аразынц бæстæйы Гæрзифтонг тыхты, культурæ æмæ фæлладуадзæн æфсæддон-патриотон парчы. Уым æрбынæттон уыдзæн мемориал «Номарæны фæндаг» дæр — хæсты хъæбатырты нæмттæ æмæ къамтæ дзы æрæвæрдзысты егъау цыртдзæвæны хуызы.
Фарон проект «Номарæны фæндаг»-æн хæсты архайджыты фыстæджытæ æмæ къамтæ æмбырд кæнын райдыдтой Цæгат Ирыстоны республикон æфсæддон комиссарады кусджытæ æмæ бархионтæ. Хæсты архайджыты тыххæй бæрæггæнæнты æмбырдгæнæн бынæттæ арæзт æрцыдысты гарнизоны Афицерты хæдзар æмæ бастдзинады хайæдты.
Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдта 88 мин адæймагæй фылдæр.
Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссайраг æфсæддон зылды пресс-службæ.
Нæ уацхæссæг












