Закъонæвæрынады ивддзинæдтæ

0
340

Ивддзинæдтæ бахастой æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны æмæ сæ иуварс кæныны, стæй санитарон-эпидемиологон фæтк халыны бæрнондзинады тыххæй закъонæвæрынадмæ.

Уыдон бар дарынц æнæнхъæлæджы уавæры, кæнæ хæцгæнизы хæлиукæнынады тæссагдзинады сæвзæрды, науæд иу кæнæ иннæ фæзуатыл карантин æххæст кæныны рæстæг санитарон фæтк фехалыны тыххæй бæрнондзинадмæ.

Ахæм барадхæлдтыты тыххæй адæймаджы фæиваргæнæн ис 15-40 мин сомæй, хицауиуæггæнæг адæймаджы æмæ индивидуалон амалиуæггæнæджы — 50-150 мин сомæй,  юридикон адæймаджы та — 200-500 мин сомæй. Альтернативон тæрхоны хуызы кусæндæттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджытæн рахæссæн ис сæ архайд сын 90 суткæйы æмгъуыдмæ бауромыны тæрхон.

Ацы барадхæлдтытæ кæд адæймаджы æнæниздзинадæн знаггад æрхастой, кæнæ адзал  расайдтой, уæд аххосджыны административон уагæй фæивар кæнæн ис 150-300 мин сомæй, хицауиуæггæнæг адæймаджы — 300-500 мин сомæй, индивидуалон амалиуæггæнæджы æмæ юридикон адæймаджы та — 500 мин сомæй милуан сомы онг, науæд сын сæ архайд бауромæн ис 90 суткæйы æмгъуыдмæ.

Кæд низ ахæлиу уа, кæнæ адæм  маргхъæстæ фæуой, уæд тæрхондонмæ ис Уæрæсейы Уголовон кодексы 236 статьямæ гæсгæ 500 мин сомæй милуан сомы онг ивар сæвæрыны бар. Уымæй уæлдай ма ис 3 азы  æмгъуыдмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссыны бар. Фæтк фехалыны цау æнарæхстдзинады аххосæй адæймаджы адзал кæд расайдта, уæд уæвæн ис, æмæ ивары бæрц милуан сомæй 2 милуанмæ, ахæстоны фæбадыны æмгъуыд та 5 азмæ схæццæ уа. Æппынкъаддæр дыууæ адæймаджы адзал расайæг санитарон-эпидемиологон фæтк фехæлды тыххæй адæймагæн рахæссæн ис 7 азы  ахæстоны фæбадыны тæрхон. Дыууæ закъоны дæр архайын райдыдтой  сæ ныммыхуыр кæныны бонæй — 2020 азы 1 апрелæй — фæстæмæ.

РЦИ-Аланийы

Прокуратурæйы

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here