Уавæр домы бæрнон æмæ бæстон архайд

0
386

Бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ, сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, хъуамæ фылдæр æргом æмæ фæрæзтæ аздахой æрвылбоны царды лыггæнинаг царды фарстытæм.

Ахæм хъуыдыимæ коронавирусы инфекци парахат кæнынæн гæрæнтæ æвæрын æмæ адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæныны фарстытæм цæстдарæг республикон оперативон штабы æмбырды раныхас кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы муниципалон скондты разамонджытæ бæстон радзырдтой, районты оперативон штабтæ ног низæфтауæджы ныхмæ тохы хъуыддаджы цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уый тыххæй. Афтæ, æппæт районты дæр иудадзыгон фæткмæ гæсгæ æххæстгонд цæуы бирæфатерон цæрæн хæдзæртты бахизæнты дезинфекци, бынæтты сæ куыст рапарахат кодтой бархионты организаци дæр, адæмы ‘хсæн цæуы санитарон-рухстауæн æмæ æндæр æмбарынгæнæн куыст…

Уыцы бæрæггæнæнтæ хорзыл банымайгæйæ, Тускъаты Таймураз муниципалитетты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй уæлдай лæмбынæгдæр уой, цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ чи кæны, уыцы куыстуæтты архайдмæ. «Коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадæй бирæ аразгæ уыдзæн иумæйаг санитарон уавæр дæр», — фæнысан кодта Хицауады Сæрдар.

Зындгонд куыд у, афтæмæй оперативон штабы фыццаг æмбырды министрадтæ æмæ ведомствæты, стæй муниципалитетты разамонджытæн Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав радта бæлвырд амынддзинæдтæ. Ныр ведомствæты разамонджытæ дзуапп лæвæрдтой, уыцы амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Зæгъæм, промышленност æмæ транспорты министр Мæрзойты Владимиры ныхасмæ гæсгæ, ныридæгæн æххæст кæнын райдыдтой, Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы медицинон кусæндæтты специалистты сæ куыстмæ æмæ фæстæмæ хæдзæрттæм чи ласы, уыцы транспортон маршрутты куыст. Экономикон рæзты министрады специалисттæ та сæ цæст дарынц, хойраджы продукттæ æмæ промышленнон фыццаградон товарты базарады æргъты уавæрмæ. Министр Томайты Хъазыбег куыд фехъусын кодта, афтæмæй баныхас кодтой егъаудæр базарадон хызæгты минæвæрттимæ, цæмæй хойраджы фыццаградон продукттæ уæйгонд цæуой æнæ базарадон æфтауæггæгтæй, ома, товаруадзджытæ сæ цы аргъæй уæй кæнынц, уымæй.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here