Уæлахизхæссæг уалдзæг

0
539

75 азы сæххæст не Стыр Уæлахизыл. Уыцы зынгæ цауы кадæн 9 Майы, куыд иннæ хæттыты, афтæ ныр дæр Хæстон намысы горæт Дзæуджыхъæуы цыдысты номарæн мадзæлттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт дуне æмæ нæ бæстæйы дæр сæвзæрæг эпидемиологон уавæр зынгæ фæкъахыр кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы кадæн мадзæлтты фæтк. Фæлæ æддæр уыцы бон æнæрхъуыдыгæнгæ нæ уыд, цыфыддæр знаджы чи басаста æмæ йæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд удæлдайæ чи хæцыд, уыцы хæстонты рухс нæмттæ.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæуæг Битарты Вячеслав æмæ æхсæнады минæвæрттæ уыцы бон дидинджытæ сæвæрдтой Намысы мемориалы цыртдзæвæнтыл.

Æмбырды архайджытæ  байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырæй чи хæцыд æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы ирыстойнаг æфсæддонты номарæн цыртдзæвæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы лæгæвзарæн азты Цæгат Ирыстонæй фронтмæ ацыд 89934 адæймаджы. Уыдонæй 45,5 мины сæ къонатыл нал сæмбæлдысты.

Цыртдзæвæн гом кæнгæйæ, Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй Уæлахизы бон у ХХ æнусы зæрдылдаринагдæр æмæ сæйрагдæр цаутæй иу. Уыцы бон сси Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинады, удфидардзинад æмæ хъæбатырдзинады нысан.

— 75 азы рацыд, нæ хистæр фæлтæрты минæвæрттæ дуне фашизмæй куы ссæрибар кодтой, æдæй нырмæ. Фæлæ цасфæнды азтæ куы рацæуа, æддæр мах алкæддæр нæ зæрдыл дардзыстæм, уыцы карз хæсты, удæлдайдзинад æмæ хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, махæн Уæлахиз чи æрхаста, уыцы разагъды адæмы. Фидæны фæлтæртæ уыдонæй алкæддæр бузныг уыдзысты. Бæрæгбоны хорзæх æ æд, зынаргъ æмзæххонтæ! Цæгат Ирыстоны алкæцы бинонтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад æмæ фæрныгад, — фæнысан кодта республикæйы разамонæг.

Номарæн мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, 58-æм æрæсейаг æфсады командыгæнæг, инæлар-майор Сергей Рыжков, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæуæг Икъаты Русланбег, горæты администрацийы сæргълæуæг Фæрниаты Тамерлан, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан æмæ иннæтæ.

Иу минут æдзæмæй алæугæйæ, æмбырды архайджытæ ссардтой, Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи снывонд кодта, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ.

Сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, Уæлахизы боны кадæн мадзæлтты иу хай сарæзтой дистанцион хуызы. Зæгъæм, дзыллон акци «Æнæмæлгæ полкъ» арæзт æрцыд онлайн-фæткмæ гæсгæ. Изæры 19 сахатыл уыд Æдзæмæй алæууыны æппæтæрæсеон минут. Фæстæдæр та изæрон арв срухс кодта бæрæгбоны салют.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here