Фæсивæды боны агъоммæ Медицинон колледжы 135 рауагъдонæн кадджын уавæры раттой дипломтæ, уыдонæй 35 – сырх дипломтæ. Ног рауагъд фелсыртæ æмæ фармацевтты 53 проценты ‘рлæудзысты Гæрзифтонг тыхты рæнхъыты, фыццаджыдæр, 58-æм æфсады.
– Ахуыр кæнгæйæ цы зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад райстой, уыдон сæ канд граждайнаг медицинæйы нæ бахъæудзысты, фæлæ хæстон уавæрты дæр. Нæ колледжы 52 рауагъдоны абон сты сæрмагонд æфсæддон операцийы, уыдонæй 17 – чызджытæ. Цыбыр рæстæгмæ сæ фæллад суадзынмæ куы ссæуынц, уæд нæ алы хатт бабæрæг кæнынц», – йæ раныхасы бафиппайдта ахуыргæнæндоны директор Реуазты Таймураз.
Кадджын æмбырды архайдтой Дзæуджыхъæуы Æфсæддон госпитæлы сæргълæууæг Аркадий Смольников, булкъон Гецаты Валери æмæ горæты Минæвæртты æмбырды депутаттæ. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Арфæ бакаст йæ Администрацийы кадрты политикæйы фæдыл фыццаг хæдивæг Темыраты Руслан:
– Профессион цардмæ акодтат къахдзæф, уый фæдыл уын арфæ кæнын! Сымах равзæрстат иуыл ахсджиагдæр æмæ уæздандæр дæсныйæдтæй иу. Медицинæ канд наукæ нæу, фæлæ царды хæс. Уæ зонындзинæдтæ, тавиц æмæ цæттæдзинадæй аразгæ у рынчыны цард. Уырны мæ, уæ дæсныйады фыццаг цæлхдурты сæрты ахизын кæй сарæхсдзыстут. Уадз, рынчынты дзæбæх кæнгæйæ, уæ куысты рухс цаутæ фылдæр уа! Уе ‘нтыстдзинæдтыл ма ‘рлæуут, медицинæ æдзух размæ цæуы, иугæндзон ахуырад уыдзæн æууæл уæ æнæмæнг рæзтæн, – ис загъд арфæйы.
Рауагъдонтæм æнхъæлмæ кæсы аккредитаци ацæуыны фæлварæн, йе ‘мгъуыд – къуырисæрмæ. Фыццаградон аккредитацийы фæстæ та сæм æнхъæлмæ кæсынц республикæйы дзæбæхгæнæндæтты. Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады хъæппæрисæй се ‘ппæт дæр хъуамæ бакусой амынд рынчындæттæ æмæ поликлиникæты, уыимæ, фæдзæхстадон медицинæимæ чи кусы, уыцы уагдæтты дæр. Алы рауагъдонмæ дæр йæ цæст дардзæн хъомылгæнæг, кæмдæр – 2 азы, кæм та – 3 (уый аразгæ у равзæрст дæсныйадæй). Æмгъуыд куы фæуа, уæд рауагъдоны фæндонмæ гæсгæ йæ бон у кусгæйæ баззайын, кæнæ йæ бынат аивын. Уый хауы, куыд бюджетон, афтæ ахуырæн фидгæ чи кодта, уыцы рауагъдонтæм дæр. Ацы информаци нæ уацхæссæгæн фехъусын кодта колледжы директоры хæдивæг Моргуаты Азæ:
– Къуырийы дæргъы республикæйы дзæбæхгæнæндæтты администрацитæ æмæ кадрты службæты минæвæрттæ цыдысты нæ колледжмæ æмæ нæ рауагъдонтæй æвзæрстой кусджытæ. Æнхъæлмæ фæкæсынц, цæмæй сæм æрыгон специалисттæ фылдæр цæуой, уымæ. Ацы фарста хауы Медицинон академи каст фæуæвджытæм дæр. Нæ рауагъдонтæй æгуыстæй ничи баззайдзæн, 280 та сæ гæххæттытæ бадæтдзысты уæлдæр медицинон ахуыргæнæндæттæм. Фæнды мæ Фæсивæды боны фæдыл раарфæ кæнын йæ минæвæрттæн: амондджын ут, хæст мауал уæд, хорздзинæдтæ æмæ циндзинад æрбынат уæд уæ царды! Къайад кæнут, сывæллæттæ уын фылдæр гуырæд!
Цы ивддзинæдтæ æрцыд Медицинон колледжмæ ахуырмæ бацæуыны фæдыл, уый тыххæй нын бамбарын кодтой, ныридæгæн Исæн къамис бавнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Сентябры Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад сфидар кодта абитуриенттæ исыны пълан. Конкурс алы аз дæр стыр вæййы, уæлдайдæр, 9 кълас каст чи фæцис, уыдоны ‘хсæн. Ахуырады æппæт ведомствæты уынаффæмæ гæсгæ, фыццаджыдæр, ист цæудзысты дзæбæхгæнæндæттæй æрвыст чызджытæ æмæ лæппутæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ сывæллæттæ; инвалидтæ, сидзæртæ æмæ бирæсывæллонджын бинонты цот.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














