Зынаргъ Ирыстоны чызджытæ æмæ лæппутæ!
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Фæсивæды бон! Æрыгондзинад – уый æрмæст адæймаджы царды рæсугъддæр рæстæг нæу, фæлæ – уды уæлмонцдзинад, сыгъдæг бæллицтæ, ныфс, егъау пълæнттæ, стыр хъуыддæгтæм тырнындзинад… Сымах рæстæджы цыдимæ æмдзугæнджытæ стут: ахуыр кæнут, бинонтæ аразут, нæ республикæ æмæ нæ бæстæйы фидæны тыххæй уæхимæ бæрнондзинад исут.
Ирыстон сæрбæрзонд у йæ фæсивæдæй, уымæн æмæ царды алы къабазы дæр йæхи фæзминагæй æвдисы – æхсæнадон-политикон царды, амалхъомады, ахуырады, культурæйы, спорты.
Абон сæрмагонд арфæ æрвитын, Райгуырæн бæстæйы раз йæ бæрнондзинад чи ‘нкъары æмæ, йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты чи ‘рлæууыд, уыцы æрыгон патриоттæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сын сæ бинонтæн чи ‘ххуыс кæны, уыдонæн. Стыр бузныг уын! Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, æнæкæрон хъару æмæ уе ‘ппæт хъуыддæгты дæр уæлахиздзинад! Æууæндын, алчидæр уæ бирæ хорз хъуыддæгтæ кæй сараздзæн нæ Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæрныгадæн!
ТУСКЪАТЫ Таймураз,
РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар














