Кӕсынӕн ӕхсызгон ӕрмӕджытӕ

0
452

Уӕлахизы 75 азы кадджын бӕрӕгбоныл аккаг хуызы сӕмбӕлыдысты УФ-йы Профессионалон литераторты цӕдисы Цӕгат Ирыстоны хайады альманах «Хӕххон дымгӕ»-йы редакцийы кусджытӕ дӕр.

Журнал райдайы, Советон Цӕдисы Маршӕл ӕмӕ уӕлдӕр ӕфсӕддон командӕгӕнӕг И.В. Сталин 1941 азы, 7 ноябры Сырхӕфсӕддонты парады цы ныхас ракодта, уымӕй.

Поэзийы хайы дзы мыхуыргонд ӕрцыдысты — Бӕдтиаты Ирӕйы, Бызыккаты Земфирӕйы, Татьянӕ Верескуновайы, Игорь Воложанины, Таисия Григорьевайы, Гуыбыраты Зӕлинӕйы, Альбинӕ Зайцевайы, Ольгӕ Резникы, Пагӕты Аслӕнбеджы, Санахъоты Юляйы, Торчынты Хъазыбеджы, Цомартаты Дунетханы, Александр Энглезийы, Хадыхъаты Фатимӕйы поэтикон рӕнхъытӕ, стӕй, Юри Скифаг нӕ зындгонд ӕфсӕддонты номыл цы ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста, уыдон.

Рубрикӕ «Нӕ уазджытӕ»-йы бынмӕ мыхуыры рацыдысты Багаты Аврамы, Бязырты Валентинӕйы, Томайты Мисурханы радзырдтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ публицистон уацтӕ.

Альманахы вазыгджын бынат ахсы наукӕйы темӕ. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бакӕсӕн вӕййы мидисджын ӕрмӕджытӕ. Ацы хатт дзы сты Хъаныхъуаты Зӕлинӕйы уацтӕ «Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕнадон совет, традицитӕ ӕмӕ ногдзинӕдтӕ», Хуыдӕлты Темырсолтаны зонадон ӕрмӕг «Цӕгат Ирыстон Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты азты».

Прозӕ ӕмӕ публицистикӕйы хайы та бакӕсдзыстут Бӕдтиаты Иринӕйы, Бӕдтиаты Юрийы, Дзодзыккаты Маргаритӕйы, Баскаты Уырызмӕджы, Гасанты Валерийы, Тменаты Дзерассӕ ӕмӕ Тъехты Тамерланы ӕрмӕджытӕ.

Ацы аз Национ наукон библиотекӕйыл ӕххӕст кӕны 125 азы. Уый фӕдыл альманах «Хӕххон дым-гӕ»-йы радон номыры бакӕсӕн ис, ацы рухстауӕн артдзӕстӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты чи архайдта ӕмӕ йын йӕ тухитӕ йӕхиуыл чи бавзӕрста, уыцы адӕмы тыххӕй Наталья Куличенкойы ӕрмӕг.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here