Мӕздӕджы байгом, Богдан Хмельницкий ӕмӕ Гагарины уынгтӕ чи баиу кодта, уыцы хид. Ӕфсӕнвӕндаджы сӕрты сӕйраг хид байгом кӕнынмӕ Мӕздӕджы сӕмбӕлдысты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, фӕндагон комитеты сӕрдар Солиты Тариэл, Мӕздӕджы районы разамынд ӕмӕ аразджытӕ.
«Ацы хиды арӕзтад Мӕздӕгӕн у ахсджиаг, цӕуы ӕфсӕнвӕндаджы сӕрты. Ногӕй баиу кодта Богдан Хмельницкийы ӕмӕ Гагарины уынгтӕ. Мӕздӕггӕгтӕн ӕмӕ районы цӕрджытӕн фенцондӕр уыдзӕн, фӕндагыл бирӕ рӕстӕг нал хардз кӕндзысты. Стыр бузныг мӕ фӕнды зӕгъын, ацы арӕзтадмӕ бар чи дары, уыцы адӕмӕн, мӕздӕггӕгтӕн ӕрцӕттӕ кодтат замманай лӕвар»,— загъта республикӕйы разамонӕг.
«Аланспецстрой»-ы генералон директоры хӕдивӕг Хъӕцмӕзты Давид куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй хид аразын райдыдтой, ног коронавирусон инфекци куы нӕма рапарахат, уӕд. Фӕстӕдӕр та йӕм ногӕй февнӕлдтой, ӕмӕ дыууӕ мӕйы раздӕр сцӕттӕ. Объект уыдис зилинаг, куыстытӕм ӕрбахуыдтой 30 аразӕджы ӕмӕ техникӕйы 10 иуӕджы.













