Бындурон цалцӕджы фӕстӕ Ӕрӕфы районы Толдзгуыны хъӕуы байгом Культурӕйы хӕдзар. Хъӕуккӕгты циндзинадыл сӕмбӕлыны тыххӕй сӕм ӕрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, культурӕйы министр Къубалты Эльбрус, Ӕрӕфы районы разамонджытӕ Хидирты Батрадз ӕмӕ Лӕгкуты Омар.
— Абон хицауады размӕ лӕууы иумӕйаг хӕс — цӕрджыты уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын. Национ проекттӕ ӕмӕ паддзахадон программӕты кӕй архайӕм, уый фӕрцы нӕ республикӕйы арӕзт цӕуынц, стӕй цалцӕг кӕнӕм ахуырады, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады, культурӕйы, спорты кусӕндӕттӕ. Ӕрӕфы районы разамынд дӕр архайы муниципалитеты рӕзтыл, фӕстаг азты дзы зынгӕ ивддзинӕдтӕ ӕрцыд. Уыцы куыст дарддӕр дӕр цӕудзӕн,— загъта республикӕйы Хицауады Сӕрдар.
Культурӕйы хӕдзары рацарӕзтмӕ бавнӕлдтой ацы аз, бацахста фондз мӕйы. Национ проект «Культурӕ»-йы фӕрцы сцалцӕг кодтой актон зал, гримерон уат, библиотекӕ, сфӕлдыстадон къордты архайджыты кабинеттӕ.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ













