Ис ӕм фидар фӕндтӕ

0
590

Цыппар азы рацыд,  нӕ республикӕйӕн Битарты Вячеслав разамынд кӕдӕй дӕтты, уӕдӕй нырмӕ. Фӕскомцӕдисон ӕмӕ партион академитӕ фӕуынӕй йын тӕссаг нӕу, уый у ног формацийы адӕймаг. Фыццагдӕр ын сты хъуыддӕгтӕ, ныхӕстӕ та — сӕ фӕстӕ. Алы ныхас дӕр ын ӕййафы хъуыддаг. Ныртӕккӕ цытӕ сарӕзта, цытӕ нӕм фӕзынд, уыдӕттыл дзурын дӕр нӕ хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй ныффыстой дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ.

Кӕд, мыййаг, уыдӕттӕ чи нӕ зоны, ахӕм адӕймӕгтӕ Ирыстоны ис, уӕддӕр сӕ йӕ бон у фенын, республикӕйы цы ивддзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон сты бӕлвырд, ӕргом. ӕппӕтреспубликон арӕзтад нӕма фӕцис, афтӕ зӕгъӕн ис, цӕуы ӕнтыстдзинӕдтимӕ. Кӕд уыдис ахӕм змӕлд Ирыстоны? Никуы! Иу рӕстӕг Битары-фырты иуӕй-иу уацхӕсджытӕ сӕ разӕй скодтой, цы, дам, кусы, уый бӕрц, дам, ын не ‘нтысы. Уӕд сын загътам: бауадзут-ма йӕ кусын. Уыцы дзуапп сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, худӕгау сӕм фӕкаст, фӕлӕ рӕстӕг алцыдӕр бацамыдта. Уыдӕттӕ рауадысты бӕлвырд уынаффӕты фӕрцы, сӕ ныхмӕ ныртӕккӕ сдзурӕг нӕй.

Цас ӕнцон уыдис уыдӕттӕ бакусын? Бӕрӕг у: тынг зын. Мӕн ныртӕккӕ фӕнды Битары-фырты сӕйраг уӕлахизтӕ фӕбӕрӕг кӕнын. Фыццаджыдӕр, ис ӕм фидар фӕндтӕ, уыдон ницӕмӕй фенкъуысын кӕнӕн ис, сӕ алыг кӕныны нысантӕ йын йӕ размӕ ӕвӕрдта цард. Дыккаджы та, хиуылхӕцыны ӕууӕлтӕ ӕмӕ быхсондзинад, цы нысантӕ сӕвӕры, уыдон алы хатт афойнадыл конд куы нӕ цӕуой, кӕнӕ та бынтон ӕндӕр хуызы куы бантысой, уӕд хъуамӕ цы акӕна. ӕртыккаг та уый у, ӕмӕ йӕ фыццаг бынатмӕ дӕр ис рахӕссӕн — нӕ республикӕйы цӕрджытӕн аргъ кӕнын ӕмӕ сӕ уарзын.

Нӕ разамонджытӕй афтӕ арӕх чи кӕдӕм цыдис, ӕрмӕст районтӕм нӕ, фӕлӕ хъӕутӕм дӕр. Адӕмимӕ ӕргом ныхасмӕ чи уыд цӕттӕ, суанг комкоммӕ уайдзӕфтӕм дӕр. Битарты Вячеслав та равзӕрста ахӕм фӕндаг, уый цыдис адӕммӕ, ныр дӕр ууыл хӕст у. Адӕм ыл баууӕндыдысты, уынынц ӕй, ацы разамонӕг цӕттӕ у йӕ цард снывонд кӕнынмӕ. Уыдон хуымӕтӕг ныхӕстӕ не сты, йӕ хорздзинӕдтӕн сбарӕн нӕй. Цыппӕрӕм та у, йӕ алфамбылай ӕмхъуыдыгӕнджыты къорд кӕй ӕрбамбырд кодта, уый. Уым дӕр йӕ размӕ бирӕ цӕлхдуртӕ уыдис, фӕлӕ сӕ сӕрты ахызт. Уый у йӕ сӕйраг уӕлахиз, нӕ республикӕйы разамынд сӕ архайдӕй Цӕгат Ирыстон размӕ кӕнынц. Уый у фӕндаджы райдайӕн, ацы зӕххыл уый бӕрц цӕрын, ӕмӕ мӕ бон у абарын, Битарты Вячеславы размӕ нӕм цытӕ уыдис, ӕмӕ нӕм ныр цытӕ ис, уыдон.

Мӕ бон уый зӕгъын нӕу, ӕмӕ нӕм ӕппындӕр лыггӕнинаг фарстытӕ нал баззад. Фӕсивӕд тыхсынц ӕгуыстӕй, уӕлдайдӕр, хъӕуты. Цӕрӕнуӕтты кадавардзинад ӕмӕ ӕгуыстдзинад сты демографион зындзинады бындуры. Ирон адӕмӕн уый у ахъаззаг къуылымпы, скъолатӕ, рӕвдауӕндӕттӕ арӕзт цӕуынц, хъуамӕ уа, уырдӕм кӕй бахонӕм, ахӕм сывӕллӕттӕ.

Зындзинӕдтӕ ӕмӕ тыхстдзинӕдтӕ нырма ис, фӕлӕ уӕддӕр къаддӕргӕнгӕ цӕуынц. Цыппар азмӕ сӕ алыг кӕнӕн нӕй, дӕсгай азты дӕргъы сӕм ӕвнӕлд дӕр нӕ цыдис. Фӕлӕ уал фӕндагыл барджын къахдзӕфтӕ акодта Битарты Вячеслав, хъӕуы размӕ цӕуын. Мӕн уырны, ацы командӕ нырма бирӕ хъуыддӕгтӕ сараздзӕн, разамынд ын дӕтты ӕцӕг патриот, рӕстуд адӕймаг. Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы ӕнтыстдзинӕдтӕ, уыдон мах хъуамӕ нӕхӕдӕг фенӕм. ӕнтыстджын у, Битары-фырт!

Фидараты Юри, Мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты сӕрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here