Хъӕуы цӕрыс, уӕд — хъӕууон цардӕй

0
393

Ӕхсӕвыцӕстӕй, боныцъӕхтыл гакк-гуккы уасынмӕ сыстадтӕн: «Гакк-гукк, гакк-гукк, уый мӕнӕн мӕ гакк у!» Мӕнӕн дӕр мӕ гакк сси уыйау раджы рабадын. Раджы стаг — ӕвӕсмон. Ӕмӕ уый хъӕуккаг адӕймаджы миниуӕг у, уымӕн ӕмӕ йӕ рагацау куы йӕ фосмӕ базилын хъӕуы, куы йӕ цӕхӕрадоны куыстытӕ бакӕнын. Иугӕр хъӕуы куы цӕрай, уӕд та кӕнӕ фосы куыст хъуамӕ кӕнай, кӕнӕ зӕххы куыст, науӕд цӕй хъӕуккаг дӕ.

Иурӕстӕджы мӕм замманай хъуг уыдис, тарбын урс мыггагӕй. Мӕ хорз хӕлар мын ӕй балхӕнын кодта зайнаг дыгӕрдыгӕй. Адон, дам, сабыр фос сты, ӕхсырджын мыггаг, стӕй, дам, сӕ ас дӕр ис, цы нӕ вӕййы, ӕмӕ, дам, дын уӕд ӕнӕпайда нӕ фӕуыдзӕн. Йӕхӕдӕг рагӕй фосгуыстгӕнӕг у, ӕмӕ сын сӕ хорз дӕр базыдта ӕмӕ се ‘взӕр дӕр. Цыбыр ныхасӕй, цӕстуарзонӕй мын ӕй иннӕ уӕййаг дыгӕрдгуыты ӕхсӕнӕй равзӕрста. Чи йӕ уӕй кодта, уый йын йе ‘фцӕгыл рӕхыс бафтыдта, ӕрмӕст, дам, йӕ разӕй цу ӕмӕ уымӕн дӕр ма тӕрс ӕмӕ дӕхицӕн дӕр, йӕхи ничердӕм фӕтылиф кӕндзӕн. Ӕмӕ, ӕцӕгӕй дӕр, хистӕр лӕппуимӕ йӕ горӕты кӕронӕй Ногирыхъӕуы бынмӕ фӕкодтам, ӕмӕ иу ран дӕр никуы счъыллипп кодта, раст ӕй, цыма, нӕхимӕ рӕуӕдӕй схастам ӕмӕ ӕрмахуыр уыди, ӕрмӕстдӕр-иу ыл кӕд искуыцӕй куыдз срӕйдта, уӕд-иу ӕнӕууӕнк кӕстытӕ акодта, ӕмӕ та-иу фӕстӕмӕ ӕрсабыр. Афтӕмӕй йӕ ӕркодтам нӕхимӕ ӕмӕ йӕ скъӕты бабастам.

Диссаджы хорз хъуг дзы рауадис. Рӕгъауы разӕй-иу изӕрӕй йӕ лалымдымст фӕздонимӕ нӕ хӕдзары дуармӕ ӕрбахӕццӕ ӕмӕ-иу мидӕмӕ ӕрбауасыд, мӕнӕ дӕн, ӕрдуцут мӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, рацӕй-рабон, ӕмӕ хъуг хӕргӕ нал кодта, йӕ сины къуыбыртӕ ныхъхъилтӕ сты. Хорз фосы дохтыры йӕм скодтон, ӕмӕ уый фидарӕй загъта: «Хъуг стыр, уӕззау хъуг у, ӕмӕ уӕлӕмӕ куы стадис, уӕд фӕбырыд ӕмӕ йӕ уӕзӕй йӕ фӕздон ныцъцъӕл кодта, ӕмӕ ма дын кӕнӕ схорз уыдзӕн, кӕнӕ нӕ».

Мӕ зӕрдӕйы тугтӕ ныттагъдысты йӕ тӕригъӕдӕй, фӕлӕ цы акодтаин — ауӕй йӕ кодтон. Йӕ балхӕнӕг ӕй куы фӕцӕйкодта, уӕд ма мӕм хъуг фӕстӕмӕ иу каст фӕкодта адӕймаджы цӕстытӕй, фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕхи адӕймаджы цӕстытӕй кӕсын нал бафӕндыд. Фӕстӕдӕр ыл ныффыстон зӕрдӕриссӕн ӕмдзӕвгӕ «Нӕ хъуг».

Дзурын нӕ зыдтай, ӕндӕр —

Адӕймаджы цӕстытӕй

Кастӕ.

Де ‘нкъараг зӕрдӕмӕ хъардта,

Уарзт дӕр ӕмӕ маст дӕр

Афтӕ дыл сахуыр ыстӕм,

Ӕмӕ бинонтыл уыдтӕ

Нымад.

Ды — нӕ удлӕууӕн,

Нӕ зӕрдӕдарӕн,

Нӕ мад.

Диссаг,

Скъӕтӕй-иу

Бинонты змӕлдмӕ

Хъуыстай.

Ницы дӕ хъуыдис,

Ницы,

Ӕнӕ рӕвдыдӕй,

Схуыстӕй

О мӕ хъуг!

Ды хӕдзармӕ цӕуын та

Куыд зыдтай,

Рӕгъауы разӕй йӕм

Ӕдзух

Тындзыдтай!

Кӕртмӕ-иу куы бахызтӕ,

Уӕд-иу дӕуӕй хъалдӕр

Кӕм уыд!

Скъӕты-иу куы ‘рлӕууыдтӕ,

Уӕд-иу дӕ уд

Ӕрцыд.

О мӕ хъуг!

Ды де ‘хсырмӕ, цыма

Дӕ уды хъарм

Уагътай

«Уӕд уын ӕвдадзыхос» —

Ӕвӕццӕгӕн-иу

Загътай

Сойуырз

Ӕмӕ сойбыл уыдыстӕм

Мах дӕ фӕрцы,

Фӕлӕ нын цы кодтай,

Ӕнӕнхъӕлӕджы дыл

Цы ӕрцыд?!

Де ‘ргӕвдджытӕ дӕ

Ныр ӕргӕвдӕнмӕ

Фӕкӕнынц.

Иу каст ма фӕкодтай:

Зӕрдӕйы тугтӕ

Ныккӕлынц.

Раздӕрау нӕм

Адӕймаджы цӕстытӕ

Сзылдтай,

Фӕлӕ дӕ кӕдӕм кӕнынц,

Уый

Нӕ зыдтай.

Иу каст ма акодтон —

Ӕз дӕр

Дӕ фӕдыл,

Фӕлӕ мӕ адӕймаджы цӕстытӕй кӕсын

Нӕ фӕндыд…

Уыцы цауы фӕстӕ мӕ зӕрдӕ хъуг скӕнын нал бакуымдта, афтӕмӕй мын йӕ дарын дӕр афтӕ зын нӕ уыд. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕ сӕ цӕхӕрадӕттӕ нал кусынц, ӕмӕ хӕстӕгдӕр цӕрджытӕ куы базыдтой, хос фӕкӕрдын, уый, уӕд-иу мӕм куы чи ӕрбацыд, куы чи, мӕ цӕхӕрадон мын ӕркӕрд, зӕгъгӕ. Ӕз сӕм мӕхинымӕр мӕсты кодтон, сӕ армытъӕпӕны йас зӕххытӕ дӕр кӕй нӕ кусынц, уый тыххӕй, фӕлӕ мӕхиуыл хӕцыдтӕн. Мӕхицӕн та ӕвзӕр нӕ уыд къӕсӕрӕй дуармӕ. Кӕд-иу хурбонтӕ хаста, уӕд-иу ӕй сӕ цӕхӕрадӕтты схус кодтон ӕмӕ йӕ чысылгай лӕгуӕрдоны ӕрбаластон, кӕд-иу къӕвдаджын уыд, уӕд та-иу ӕй цъӕхӕй мӕ сарайы ныттӕнӕг кодтон. Дыууӕ-ӕртӕ боны-иу дзы дымгӕ куы азылд, уӕд-иу замманай хус сси, цъӕхӕй-иу баззад, афтӕмӕй. Аууоны хусгонд хос бынтон диссаг у. Уӕддӕр бирӕтӕ сӕ цӕхӕрадӕттӕ кӕй нӕ кусынц, уый мӕ мӕстӕлгъӕд кодта, фӕлӕ мӕ маст ныхъхъуырдтон.

Уӕд дын мӕм иуафон дӕлӕсыхӕй, иу мӕнӕй хистӕр лӕг куы ссӕуид. Хъуырыцъарӕй лӕгъзтӕ кодта, мӕ цӕхӕрадон ма мын ныккӕрд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, зӕгъын, дын дзы кӕрдӕг ис. Йӕ фылдӕр, дам, мын хӕмпӕлгӕрдӕг у, бафиддзынӕн, дам, цас зӕгъай, уыйас. Ӕмӕ, зӕгъын, дӕхӕдӕг ӕй цӕуылнӕ кӕрдыс. Цӕвӕгимӕ архайын, дам, нӕ зонын. Ацы хатт мӕхи нал баурӕдтон ӕмӕ йыл мӕ мӕстӕй стыфылтӕ калдтон, зӕгъын, хъӕуы куы рафтыдтай дӕ дӕндаг, уӕд цӕмӕй базӕронд дӕ, худинаг дын нӕу. Лӕг хъуыр-хъуыргӕнгӕ ацыд, мӕ цӕст дӕр ӕй нал ауыдта. Уый фӕстӕ ма йӕ цалдӕр уынды фӕкодтон, ӕмӕ-иу мӕм цӕваг галы каст ӕрбакодта. Бӕрӕг уыд, мӕ уайдзӕф ӕм кӕй нӕ бахъардта, уый. Ӕмӕ йе ‘мбисонд — йӕхи!

Уый хуызӕтты цӕхӕрадӕтты мыстулджытӕ, сӕлавыртӕ, тӕхсӕлтӕ ӕмӕ ӕндӕр тугцъир лыстӕг сырдтӕ сӕхицӕн бынӕттӕ скӕнынц ӕмӕ тугуарӕн кӕнынц адӕмыл — ныццӕгъдынц сын сӕ кӕрчыты ӕмӕ ӕндӕр хӕдзарон мӕргъты. Иу ӕмӕ дыууӕ ахӕм цауы не ‘рцыд нӕ хъӕуы, ӕмӕ бирӕтӕ хӕдзарон мӕргътӕ дарын нал уӕндынц. Афтӕ куы уа, уӕд тагъд нӕ цӕхӕрадӕтты рувӕстӕ ӕмӕ бирӕгътӕ дӕр фӕзындзӕн, ӕмӕ нын уыдон та нӕ фосмӕ бавналдзысты. Ахӕм цӕхӕрадӕтты хицӕуттӕ, уыцы хъуыддагхуызӕй, уынджы даргъкъах ӕмӕ ӕрмттӕдӕлармӕй сӕхихуызӕн магусайӕ цӕлуарзонтимӕ куы рабадынц, стыр дзыхӕй стыр ныхӕстӕ куы кӕнынц, уӕд сӕхицӕй ӕфсӕрмы нӕ фӕкӕнынц. Ӕмӕ сӕ цӕмӕн хъӕуы ӕфсарм, уый сын ӕрмӕст хъыгдарыны хос у.

Уыдон тӕрхӕттӕ фӕкӕнынц нӕ ирон ӕгъдӕуттыл, нӕ бӕрӕгбӕттыл… Хуыцау, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕм, дам, скувын хъӕуы, цыма фыргуыст фесты ӕмӕ сӕм сӕ чъиухиды, сӕ тугвӕллойӕ скувинаг сты, сӕ къух уазал доны дӕр нӕ тулынц, афтӕмӕй. Табу сын уӕд, фӕлӕ мӕм хаттӕй-хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма нӕ бӕрӕгбӕттӕ дӕр уыдоны ӕрхъуыдыгонд сты, цӕмӕй сын ӕфсон ӕмӕ фадат уа сӕ гӕлдӕртӕ байдзаг кӕнынӕн.

Ӕз та мӕхицӕн фӕзӕгъын: «Фыццаг — рувгӕ, стӕй та — кувгӕ. Куы нӕ барувай, уӕд цӕмӕй бакувай».

Ӕмӕ та, бон дзир-дзур куы фӕкӕны, уӕд гакк-гуккы уасынмӕ сыстын мӕ сынтӕгӕй, мӕ цӕхӕрадонмӕ фехсайы мӕ зӕрдӕ. Куыст та фыццаг зӕрдӕйӕн у, стӕй та — гуыбынӕн. Дӕ куыстӕй дӕ зӕрдӕ куы рухс кӕна, дӕ фӕллойӕ, уӕд фарсылхӕцгӕдӕр у.

Фӕлӕ та мӕнӕ фӕцӕуын кӕйдӕр зӕрӕстон цӕхӕрадоны рӕзты, мӕ сӕр нынкъуыстон, фӕлӕ астӕумӕ кӕрдӕг куы федтон, уӕд ме ‘нкъарӕнтӕ фемӕхстысты: «Замманай кӕрдӕг. Мӕ мыртт-мыртт ӕм ссыд. Ахӕм мыл никуы ма бахӕцыд зыд. Рауистӕ дзы кӕн, гӕрзытау ӕй уадз, ӕмӕ дӕ мондӕгтӕ цӕвӕгӕй суадз».

Ӕмӕ та мӕ зӕрдиагӕй бафӕндыд хъуг дарын дӕр, уӕдӕ мӕ цӕвӕг сарайы ауыгъдӕй, кӕдмӕ згӕ кӕндзӕн. Стӕй иугӕр хъӕуы цӕрыс, уӕд хъуамӕ хъӕууон цардӕй цӕрай!

Абайты Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here