24 азы рацыд, Хъæрмæдоны Хъолайы цъити нын стыр фыдбæллæхтæ куы ракодта, ууыл, фæлæ зæрдæйы рыст нæ къаддæр кæны. Æрдз рæсугъд куыд у, уымæй къаддæр нæу йæ фыдбылыз дæр. Æмæ йыл куы нæ аудай, йæ бахъахъхъæнынæн ахадгæ мадзæлттæ куынæ аразай, уæд дыл иу хатт йæ фыдæх, æнæмæнг, æрцæудзæн. Куыд у абон уавæр æмæ цы арæзт цæуы? Уый фæдыл ныхас кæнæм техникон зонæдты доктор, профессор, Уæрæсейы сгуыхт эколог Æлборты Иванимæ.
– Иван, куыд зонæм, афтæмæй цъитийы уавæрмæ цæстдард цыди кæддæриддæр. Уæдæ ма 2002 азы ахæм стыр трагеди куыдæй æрцыд, цæй фæдыл фесæфт уыййас адæм? Фæстаг рæстæг та йæ кой сарæх, цыма, дам, цъити ног ихцъар æвæры æмæ йын ратонынæй тас у. Æцæгдæр афтæ у?
– Кæддæриддæр æм цæстдард цыди, зæгъгæ, уый бынтон раст нæу. Уыцы фыдбылыз куы æрцыд, уый размæ бирæ азты дæргъы, суанг 1992-2002 азтæм, мæнæ мониторинг, ома, цъитийы уавæр иртасынæй пайдагонд нал цыди. Цæдис куы ныппырх, уæд фесæфтысты бирæ хæзнатæ, бæстæ змæст уыд, хъусдард ницæмæуал цыди, афоныл æй нæ базыдтам, æмæ æрцыд ахæм бæллæх. Цъитийæн та йæ хъуыддаг афтæ у, æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ бамбырд вæййы æмæ йын иухатт æнæ ракæлгæ нæй. Ныр уавæр аивта. Дзæуджыхъæуы геофизикон институт хæхтыл сæвæрдта датчиктæ æмæ цъититы змæлдмæ сæ хъус дарынц. Уыцы датчиктæ хæхты уавæр бæлвырдæй æвдисынц институты æвæрд экраныл. Гыццыл дæр фезмæлыд, уæд уайтагъд фæдисы сигнал раттынц центрмæ. Институтæн разамынд дæтты физикон-математикон наукæты доктор, профессор Владислав Заалишвили.
Ацы трагедийæн йæ аххосæгты кой куы кæнæм, уæд абоны онг дæр бынтон бæлвырд не сты, ахуыргæндтæ иу хъуыдымæ нæ цæуынц. Дунейыл бирæ цъититæ ис, уыимæ — Кавказы дæр, фæлæ æдзух тайгæ кæнынц æмæ сæ гуырахст нæ фылдæр кæны. Фæлæ Хъолайы цъитийыл та мит нæ тайы, хъæпæн ыл сæвæры æмæ дзы уæлкъæсæры хуызæн рауайы. Уый стырæй-стырдæр кæны. Йæ быны ма ис газ æмæ дон дæр, æмæ йæ уæз куы нал фæуромы, бынæй газ куы сабухы, уæд ын æнæ ракæлгæ нæ вæййы. Йæ уаргъæй хъуамæ ссæрибар уа. Афтæ рауади ныр дæр. Ацы цъити ма тæссаг уымæй у, æмæ йæ уæлцъар кæны змæлгæ, хонынц ма йæ зыр-зыргæнаг цъити дæр. Ацы трагеди чи иртасы уыцы академиктæ, геофизиктæ, геологтæ 2014 азы рауагътой иумæйаг монографи «Ледник Колка: вчера, сегодня, завтра», æрмæст иртасæнты автортæ уæддæр иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты. Фæлæ дзы ацы цаумæ алкæмæн дæр кæд йæхи цæстæнгас ис, уæддæр се ‘ппæты иртасæнтæ дæр здæхт сты иу нысанмæ: Хъола та ногæй сызмæлдзæн. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ кæд уыдзæн, уый бæлвырд ничи зæгъы…
– Бæрæг куыд у, афтæмæй æрæджы мæскуыйаг специалисттæ — се ‘хсæн Сергей Черноморец æрцыдысты Хъолайы цъитийы уавæр раиртасынмæ æмæ йæ вертолетыл бабæрæг кодтой. Сæ балцы сæр уыд ихын тæлмы уавæр раитасын, тæссагдзинæдтæ рабæрæг кæнын. Уыцы куыстытæ кæд нæхи ахуыргæндтæ кæнынц, уæд ма уæлæмхасæн мадзæлттæ райсыны сæр цæмæн бахъуыд? Æви уавæр æвзæрдæр фæцис?
— Уæлæмхасæн мадзæлттæ баст сты уавæр хуыздæр раиртасынæн. Иугæр ахæм стыр трагеди æрцыд, уæд Мæскуы ссардта уæлæмхасæн фæрæзтæ, цæмæй цъитийы тæссагдзинады къæпхæн ноджы хуыздæр раиртасой, мæнæ, куыд фæзæгъынц, фидары мад, дам, нæ куыдта, фæлæ ма уыдон дæр махæй уæлдай цы сарæзтой. Цы экспертизæтæ дзы скодтой, уыдон хæстæгдæр рæстæг амынд æрцæудзысты сæрмагонд документты. Фæлæ донæн йæ раивылд зоны, йæ фарсмæ чи цæры, уый. Не ‘намонддзинадыл нæхи хуызæн никæйы зæрдæ фæрисдзæн, уымæн æмæ ахæм фыдбылызты бахауынц нæ зонгæтæ, нæ къабæзтæ.
– Ацы фæстаг рæстæг ныхас арæх цæуы, уыцы трагедийы цы адæм фæмард, уыдоны стджытыл бирæтæ базар кæй скодтой, ууыл. Монумент сын кæм ис, уым райтыгътой сæ уæййæгтæ. Дæумæ гæсгæ, уый раст у?
— Нæй уыцы хъуыддагæн дарддæр быхсæн. Махæн нæ хæс у, туристон амалхъомадæн культурон тыгъдад саразын, æдасдзинады мадзæлттæ сын скæнын. Фæлæ ис уд сыгъдæггæнæн бынæттæ, кувæндæттæ, некропольтæ, кæцытæн хъæуы табу кæнын. Цыфæнды стыр æхцатæ дæр уыцы уаз бынæтæй уæлдæр æвæрæн нæй. Уымæ гæсгæ, зæйласты амæттæгты æнусон бынат махæн у табуйаг. Уæд ын туристтæ дæр кæндзысты фылдæр аргъ æмæ кад. Нæй адæмы стджытыл æхца кусæн. Туристон амалхъомадæн ис æндæр бынæттæ. Уыдæттæ бæрæг кæныны тыххæй та хъæуы туристты бартæ хъахъхъæнæг инспекци.
– Уæддæр цы саразын хъæуы, цæмæй ахæм трагеди мауал æрцæуа?
— Хъолайы цъитийы раивылд йæхи базонын кæны йе знæт, карз равгæй. Ногдæр историйы æрцыд æртæ раивылды. Фыццаг уыд 1902 азы, июлы. Уæд ихы тыхджын раивылд йæ разæй ахаста 36 адæймаджы, бæстыхæйттæ, фос… Дыккаг хатт — 1969 азы Хъолайы цъити ногæй сæнкъуысыд, фæлæ йæ рæстæгыл базыдтой æмæ цæрджыты æдас ранмæ ракодтой. Уый руаджы хъыгдард ничи баййæфта. Æртыккаг хатт цъити раивылд 2002 азы, сентябры. Уæд ихы егъау лæсæн, йæ бæрц — 21 милуан кубометры, афтæмæй бынтондæр фехæлдта æппæт инфраструктурæ, фæмард бирæ адæм.
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æппынæдзух хъуамæ цъитимæ цæстдард уа, бæрæг æй кæной наукон экспедицитæ æмæ æнæсцухæй хæхтыл æвæрд датчиктæм сæ хъус дарой. Хъуамæ йæ алы «улæфт» дæр бæрæг уа. Ныртæккæ Хъола æвæры ног цъар, йæ
гуырахст размæ ранцади 30 — 40 метры бæрц, фæлæ, фыдбылыз куы ‘рцыд, уæд йæ уæз цас уыди, уый онг нæма бахæццæ. Уымæ гæсгæ йын ракæлынæй тас нæма у. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ йæ бæрæг кæнын нæ хъæуы. Арæх æм атæхынц вертолетыл, бакæсынц æм уæлейæ, Майлийы цъитийы ‘рдыгæй. Йе змæлд та йын æппынæдзух бæрæг кæнынц датчиктæ. Æнæуый дæр, цы гуырахст æмбырд кæны, уый алы рæстæджыты алыхуызон у. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, хæстæгдæр азты зæй рацæуынæй тас нæу.
– Мæнмæ гæсгæ, адæм æрдзыл, экологийыл нал аудынц, æмæ нæ уый дæр ахæм хуызы йæ маст исы.
— Дунеон практикæ куыд амоны, афтæмæй нæ алфамбылай экологон уавæр цас æвзæрдæр уа, уыййас уæз цæуы бюджетыл дæр. Уыцы чъизи уæлдæф, дæттæ, вибраци, магнитон быдыр æвзæрын кæнынц бирæ алыхуызон низтæ, уыдоны тыххæй та паддзахад рахицæн кæны уæлæмхасæн фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ, хъæуы республикæйы территорийыл, тæссаг уавæртæ бæрæг кæм цæуой, ахæм картæ скæнын. Зæгъæм, зæххы уæлцъар чъизидæр кæм у, зæй рацæуæнтæ кæм сты, цæугæдæттæн раивылынæй тæссаг кæм у, уыдон дзы бæрæг куыд уой, ома, тæссагдзинады æмвæзад чи æвдиса, ахæм картæ. Схонæн ма йæ ис кадастрон картæ дæр. Кæй ранымадтон, уыдонæй алкæцыйæн дæр ис йæхи специалисттæ æмæ, сæ тыхтæ иумæ баиу кæнгæйæ, хъуамæ бацæттæ кæниккой ахæм картæ. Уымæ гæсгæ, адæм зониккой тæссаг бынæттæ, æмæ сæхи фыдбылызæй хизиккой, зæххы аргъ дæр ахæм «рынчын» бынæтты уаид къаддæр.
– Стыр бузныг, Иван, дæ мидисджын дзуаппытæй, нæ адæм та кæддæриддæр æнæфыдбылыз æмæ Хуыцауы фæдзæхст уæнт.
Ныхас кодта Джусойты Нинæ














