Цæгат Ирыстон равзæрста разамонæг

0
11

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты фæндзай цыппæрæм æмбырд. Депутатты фылдæр хъæлæстæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæгæй фондз азы æмгъуыдмæ æвзæрст æрцыд Сергей Иваны фырт МЕНЯЙЛО. Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Парламенты сессийы архайдтой Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка, Уæрæсейы Федерацийы сенатортæ – Мамсыраты Таймураз æмæ Виталий Назаренко, Уæрæсейы Федерацийы æстæм равзæрст Паддзахадон Думæйы депутаттæ Таймазты Артур, Мæхъиты Зураб æмæ Тайсауты Хъазыбег.

Официалон уазджыты ‘хсæн уыдысты – Кæсæг-Балхъары Республикæйы Сæргълæууæг Казбек Коков, Цæцæны Республикæйы Парламенты Сæрдар Шаид Жамалдаев, Мæхъæлы Республикæйы Хицауады Сæрдар Владимир Сластенин, Дагестаны Республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Рамазан Джафаров. Парламенты æмбырды кадджын уазджытæ уыдысты, Цæгат Ирыстоны сæргъы алы азты чи лæууыд, уыцы зындгонд адæймæгтæ – Дзасохты Алыксандр æмæ Битарты Вячеслав.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы азы 26 августы нæ бæстæйы Президент Владимир Путин Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг равзарыны тыххæй республикæйы Парламентмæ æркæсынмæ барвыста æртæ кандидатурæйы. Уыдон уыдысты: РЦИ-Аланийы ныры Сæргълæууæг Сергей Меняйло, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Селенгауголь»-ы генералон директоры хæдивæг Олег Варнавин æмæ республикæйы Парламенты депутат, Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры директор Дудайты Чермен.

Тускъаты Таймураз æмбырды архайджытæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй, регламентмæ гæсгæ, æртæ кадидатурæйыл дæр æрдзырдтой Парламенты æппæт комитетты дæр.

Депутатты раз ныхас кодтой республикæйы Сæргълæууæджы бынатмæ æртæ кандидаты дæр. Сергей Меняйло йæ раныхасы арфæ ракодта республикæйы Хицауадæн æмæ Парламентæн, фæстаг фондз азы дæргъы æнгомæй кæй куыстой, уый фæдыл. Уæлдай арфæйы дзырд уыд республикæйы цæрджытæм, ныры уавæрты рæстæг кусынхъом кæй сты, республикæйы цардмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц, се ‘мбарын æмæ сæ фæразондзинады тыххæй.

Уый фæстæ Парламенты уæнгтæ рахызтысты æвзарæн процедурæмæ. Сусæгæй хъæлæс кæныны уагæй бæрæггæнæнтæ рауадысты ахæм: æмбырды архайæг 63 депутатæй Сергей Меняйлойы кандидатурæйыл схъæлæс кодтой 61 депутаты, Олег Варнавиныл – 5 депутаты, Дудайты Черменыл – 0 депутаты. Афтæмæй, Парламенты Сæрдар арфæ ракодта Сергей Меняйлойæн, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæй æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл æмæ расидт бæрзонд паддзахадон бынат бацахсыны кадджын церемони. Сергей Меняйло ард бахордта уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.

Уазджытæй æппæты фыццаг республикæйы ног равзæрст Сæргълæууæгæн арфæ ракодта Юрий Чайка æмæ бафиппайдта, уыцы æвзæрст Уæрæсейы Президенты ‘рдыгæй, стæй республикæйы Парламенты ‘рдыгæй стыр æууæнк кæй у, уый.

Сергей Меняйлойæн арфæ ракодтой æмбырды иннæ уазджытæ æмæ архайджытæ дæр.

Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн республикæйæн цы хъуыддæгтæ саразын бантыст, уыдон уыдысты Сергей Меняйлойы разамынды фæрцы.

– Экономикæ æнтыстджынæй цæуы размæ. Мидбæстон иумæйаг продукт дыууæ хатты фæфылдæр. Хорз ивддзинæдтæ ис промышленносты, агропромышленнон къабæзты. Уырны мæ, хæстæгдæр фондз азы ноджы фылдæр хъуыддæгтæ саразын нæ къухы кæй бафтдзæн, уый, – загъта Тускъаты Таймураз.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here