Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæй ногæй æвзæрст æрцыд Сергей МЕНЯЙЛО. Нæ респуб-ликæйы Парламентмæ Уæрæсейы Президент цы æртæ кандидатурæйы æрбарвыста, уыдонæй Сергей Меняйлойыл схъæлæс кодтой Парламенты депутаттæн сæ тæккæ фылдæр.
Сергей Меняйло арфæ ракодта министрты кабинетæн æмæ Парламенты уæнгтæн, фæстаг фондз азы республикæйы царды ахсджиагдæр фарстатæ лыг кæныныл иумæ, кæрæдзи æмбаргæйæ, кæй архайдтой, уый фæдыл, æмæ бафиппайдта, цавæрфæнды зындзинæдты сæрты хизын æмæ размæ цæуын сын кæй æнтыст, уый.
– Нæ пъланты цы бирæ егъау проекттæ уыд, уыдонæн сæ фылдæр сæххæст кæнын къухы бафтыд. Цыфæнды фæстауæрцы уавæрты архайгæйæ дæр нын бантыст бюджеты социалон ахадындзинад бахъахъхъæнын, социалон хæстæ æххæст кæнын. Уæдæ сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ нæ хъæбатыр лæппутæн æххуыс кæнæм, цæгатаг æмæ сæ хуссайрæгтыл нæ дих кæнгæйæ. Алцыдæр аразæм, цæмæй сæ тыхст мæцæуыл уа. Уымæн чысыл хæрдзтæ æмæ хъару нæ хъæуы. Фæлæ нын æндæрхуызы гæнæн нæй, уымæ гæсгæ сæ фарсмæ уыдзыстæм алкæддæр, – загъта Сергей Меняйло.
Ацы азы фыццаг æмбисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Кавказы федералон зылды Цæгат Ирыстон ахсы фыццаг бынат национ проекттæ æххæст кæныны хъуыддагæй (се ‘ххæст кæныны 68-æм бынатæй РЦИ-Алани схызт 16-æм бынатмæ). Инфраструктурон объекттæ, цæрæн хæдзæрттæ аразынæй дæр нæ республикæ федералон æмвæзадыл у раззагдæртимæ. Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллин дæр бафиппайдта, инфраструктурон æфстæутты фæрцы донуадзæн хызæгтæ бындуронæй чи рацарæзта, уыцы регионты ‘хсæн Цæгат Ирыстон кæй ис раззагдæртимæ.
Йæ раныхасы уæлдай арфæ Сергей Меняйло ракодта нæ бæстæйы Президент Владимир Путинæн.
– Ис ахæм проекттæ, æмæ канд стыр финансон фæрæзтæй уæлдай ма бирæ хъару æмæ фидар удыхъæд чи домы. Уымæ гæсгæ зæгъын хъæуы: проекттæй бирæтæ æххæстгонд не ‘рцыдаиккой, Владимир Путины комкоммæ æххуыс куы нæ уыдаид, уæд. Афтæ, дарддæр дæр рацарæзт цæуы Дзæуджыхъæуы аэропорт, стæй «Южные ворота», зæгъгæ, уæзæгтæ ласæн транзитон автотранспортæн фæндаг (йæ ахадындзинад ныронг дæр у бæрæг – «Уæллаг Ларс»-ы рады лæууæг машинæтæ дзæвгар фæкъаддæр сты). «Мамысон» кусын райдыдта æмæ ссис уарзон бынат республикæйы цæрджытæн æмæ туристтæн. Йæ гæнæнтæ фылдæр кæныныл дарддæр дæр архайдзыстæм. Нæ бæстæйы Президент комкоммæ æххуыс кæны Беслæны 1-æм скъолайы теракт баййафæг адæймæгтæн. Уымæй уæлдай, йæ уынаффæмæ гæсгæ Фыййагдоны аразын райдайдзыстæм, бæрзонд технологон æмвæзадыл Уæрæсейы æппæты стырдæр пульмонологон центр, – ныхас кодта Сергей Меняйло. Æмæ дарддæр ранымадта хъæууон хæдзарады, туризмы, транспорт æмæ фæндæгты инфраструктурæйы æндæр объекттæ аразын æмæ сæ реконструкцийы куыстытæ. Афтæ, æрмæст ивгъуыд аз инвестицион проекттæ республикæйы уыдысты 60-йæ фылдæр, сæ иумæйаг аргъ та уыд 80 милилард сомы бæрц.
– Арæзт æрцыд бирæ. Фæлæ ноджы фылдæр сты аразинаг хъуыддæгтæ. Ивгъуыд фондзазонæн аргъ кæнгæйæ, адæймаг æмбары – фенынæн æмæ раст хатдзæгтæ скæнынæн хъæуы рæстæг. Æмæ иумæ куы кусæм, нæ фидæныл иумæ куы архайæм, уæд цавæрфæнды зындзинæдтыл дæр фæуæлахиз уыдзыстæм, – загъта Сергей Меняйло.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














