0
642

«Рæстдзинад»-имæ нæ хъысмæт иу у!

Рæстдзинадæй зынаргъдæр ницы уыдис ирон лæгæн æнусты дæргъы. Цыфæнды зын уавæрты дæр-иу ирон лæг ныфсджын уыдис уымæй. Рæстдзинадыл дардта йæ зæрдæ, уымæй уыдис рухсгонд йæ бæллиц, арфæгонд — йæ зонд. Рæстдзинад нарты фæдонтæн уыдис тырысайы хуызæн, æмæ йæ бæрзонд хастой æнустæ æмæ дугты сæрты. Ивтой адæймаджы гæнæнтæ æмæ æцæгдзинады уавæртæ. Æнæивгæ хызтис æнусты сæрты æрмæстдæр РÆСТДЗИНАД. Рæстдзинады æфсарм, æгъдау æмæ фарн цудын нæ уагътой. Æмæ уымæ гæсгæ йæ мæсыг бæрзондæй-бæрзонддæр кодта Рухс æмæ Фарны комулæфтæй. Цыдысты азтæ, æмæ нæм историйы арвгæронæй æрбазындис тызмæг æнус — тызмæг рæстæг. Хъысмæты тæрхонмæ гæсгæ йын адæм ног нымадмæ гæсгæ радтой ном — ССÆДЗÆМ ÆНУС!

1923 азы уалдзæджы хъæбысы, малусæгау, фæзындис газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр. Уыцы амондджын бонæй XXI æнусы райдайæнмæ рацыдис дæсгай мин номыртæ. «Рæстдзинад» схъомыл кодта журналистты цалдæр фæлтæры ирон национ мыхуырæн. Газет йæхæдæг та ссис нæ культурæйы астæуккаг цæджындзтæй иу. Афтæмæй бацыд йæ лæджы кары «Рæстдзинад». Сæххæст ыл 98 азы. Газеты бæрæгбон у дзыллæты бæрæгбон. Сæ цины æнкъарæнтæ зæгъынмæ ирон адæмæй чи уа, уыдон Ирыстоны алы къуымтæй æрбахæсдзысты арфæйы ныхæстæ сæ уарзон газетæн. «Рæстдзинад»-ы бæрæгбонмæ чидæриддæр æрбамбырд уа, уыдоны æнкъарæнтæ зæгъæн уыдзæн æнусон чиныг — «Библи»-йы ныхæстæй: «Рæстдзинад»-ы размæ — цард!» (Солæманы æмбисæндты чиныг. 12-æм сæргонды 28-æм æмдзæвгæ).

Рæстдзинад рæстдзинад у! Йæхи къахæй не ‘рбацæудзæнис — хъæуы йæ, тырысайау, бæрзонд хæссын, цæсты гагуыйау, — хъахъхъæнын, хъæуы йæм стъалыйау, бæллын… Зæххон адæймагæн уыцы фæлварæн фæндагыл йе стырдæр уазнысантæ сты цæсгом, æфсарм æмæ æгъдау. Цард рæстдзинадæй фидауы, уымæн æмæ уый стыр кæнæ чысыл, æвзæр кæнæ хорзыл нæу. Гæнæн ис, æмæ уый цæстытæ къаха, фæлæ (йæ диссаг уый мидæг ис) йын баивæн ницæмæй ис. Цыфæнды гæдыдзинады æлыгæй йæ куы байсæрдай, уæддæр ын рæстæджы тых йæ цæстытæ байгом кæндзæн, æмæ та нын фæндагыл хурзæрины тынтæ байтаудзæн. Газеты фæлтæрд сыфтыл батадис «Рæстдзинад»-ы иузæрдион авторты удварны æрмдзæф. Иры дзыхъхъы зæрдæйы уагыл баст у «Рæстдзинад»-ы хъысмæт. Фыдызæххæн æнæуынон цы у, уый йæ марæг у газетæн дæр. Дзыллæйы зæрдæ куыд риссы, афтæ дуды ирон мыхуыры сæрхъуызой дæр. Гъе, уый мидæг ис Ир æмæ «Рæстдзинад»-ы æмиуад, фæлдзусад æмæ хæрзæгъдаудзинад. Ирон адæмы хъысмæт куыд ивта, афтæ ивта газеты цæсгом дæр. Адæймаг адæймаг вæййы, удгоймаг уæвын æй куы фæфæнды, æрмæстдæр уæд. Æмæ уымæ гæсгæ удгоймагæн æнæзмæлгæ, æнæцæугæ нæй рæстдзинады хъæбысмæ. Æрдз нæ алкæй буары дæр бауадзы рæстдзинады комулæфт: æрмæст æй иутæ Хуыцауы нывондæн æрхæссынц, иннæтæ та йæ Иблисы мæнгдзинадыл баивынц.

Зындгонд куыд у, афтæмæй «Рæстдзинад» фыдæлтыккон хъамайы дыууæ фистонæй конд у: иуæрдыгæй — æцæгдзинады цыргъ, иннæрдыгæй та — рæстдзинады. Кæцырдыгæйфæнды дæр æм куы февналай, уæддæр «судзаг» у, мæнгарддзинад та — дыууæрдыгæй дæр къуымых. Рæстдзинады тыгъдады куы бахауай, уæд дзы ленк кæнын хъæуы размæ, рухсмæ, æцæгдзинадмæ. Адæймаг Хуыцауысконд фæзынд у, рæстдзинад та — Хуыцауы комулæфт… Хъысмæты бæлæгъы сæ дыууæ дæр тынг хъæуынц зæххон удварны хицауы. Æрдз æмæ æхсæнады ахасты ныхмæ лæууынæн бирæ тыхтæ хъæуы. Цард адæймаджы сæр зилын кæны, уды та — цыбæл! Цыбæл адæймаг та сайдæй уæлдай нæу.

Райсом зæххыл цы уыдзæнис, уый иунæг Хуыцау йеддæмæ ничи зоны, фæлæ абон бæстон бæрæг у, æрдзæн фыдмитæ кæнын æмæ рæстдзинадæй хынджылæг кæнынæн кæрон кæй æрцыдис, уый. Абоны онг нын æрдз æмæ рæстдзинад не ‘дылы митæн хатыр кодтой. Райсом цы уыдзæнис, уый зын базонæн нæу… Тæрхоны бон. Æмæ нæ Хуыцау алкæй дæр фæрсдзæн: «Уæ бар уын бакодтон æрдз, Рæстдзинад æмæ Историйы цалх тулын, æмæ йын цытæ бакодтат?» Уый уыдзæнис райсом. Фæлæ абон арф куы нæ ахъуыды кæнæм нæ фидæныл, уæд нæ дзуапп агурынæн нал дæр фадат уыдзæнис, нал дæр — рæстæг! Ралæудзæн тæригъæдтæ фидыны рæстæг.

Нæ фыдæлтæм никуы уыдис сæйраг уагæвæрдты æмбырдгонд — КОНСТИТУЦИ, фæлæ сæм алы хатт дæр уыдис Рæстдзинад. Уый сын уыдис Сæйраг уагæвæрд дæр, Библи дæр, Хъуыран дæр, Авестæ дæр… Уый фæрцы уыдысты ныфсджын, тыхджын æмæ æхсарджын. Цыбыр ныхасæй, алы скиф, сæрмæт, алан æмæ ирон дæр йæ конституци хаста йæ зæрдæ æмæ зонды. Абон нæ дзыллæмæ ис дыууæ республикæйы, дыууæ конституцийы, фæлæ сæ Ирыстоны иудзинадимæ иу куыд рауайа, ахæм арфæ Хуыцауы цæст бауарзæд. Нæ зæрдæйыуаг æмæ нæ зондахаст та конституцимæ уæд аивдзæнис, нæ адæмы историон фæндаг кæцæй райдыдта, уый куы базонæм, уæд. Цæмæй, уыцы фæлварæн фæндагмæ цы къахвæндæгтæ кæнæм, уыдон базонæм, уый тыххæй нæ хъæуы рæстдзинад дзурыныл ногæй ахуыр кæнын.

Ирыстоны сæйраг газет хуыйны «Рæстдзинад»! Æмæ уымæй нæ ирон адæм цы зæгъынмæ хъавыдысты, уый загътой. Газеты фыццаг редактор Гæдиаты Цомахъ уыдис рæстдзинады фидиуæг, йæ дыккаг разамонæг — Барахъты Гино та — рæстдзинады хæстон. Сæ дыууæ дæр сæ цард нывондæн æрхастой ирон «конституци — рæстдзинады» сæраппонд: иу — царды рухс тынтæ таугæйæ, иннæ — ахæстоны сау къултæ тонгæйæ. Уыдоны кад æмæ намысы æгъдæуттыл схъомыл сты нæ разагъды лæгтæ. Уыдоны къухæй «Рæстдзинад»-ы фæрстыл цы куырыхон æрмæджытæ мыхуыргонд æрцыд, уыдон иу ныхасæй зæгъынмæ куы схъавиккам, уæд æрцæуиккам ахæм хатдзæгмæ: «Рæстдзинад агурын дæ бафæндыд, уæд дæхицæй райдай! Дæхи миддунейы йæ ссардтай, иннæмæн дæр æй бацамон, нæ дыл æууæнды — быхс!» Ацы æнæуынон рæстæг махæн æндæр хос нæй. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм æртæ историон хабары. Дыууæ мин азы размæ Еврипиды Медея быхсын нæ бафæрæзта æмæ йæ лæджы сайдмæ амардта йæ дыууæ сабийы. Дæсгай æнусты фæстæ Отелломæ дæр нæ разынд Дездемонæйы рæстдзинад базонынмæ быхсынад æмæ йæ ныххурх кодта. Уæдæ хъайтар хæстон Макбетмæ дæр бынат бацахсыны монцтæ куы райхъал сты, уæд туджы зæйтæ ныккалдта. Абоны дзыллæтæм дæр быхсынад фылдæр куы уаид, уæд нæ дуне сыгъдæгдæр уаид. Сыгъдæгдзинад кæм уа, уым мæнгарддзинадæн бынат нæй. Раст загъта уый тыххæй Роберт Бернс:

 

Къарол йæ фæсдзæуинæй

Инæлар скæны,

Фæлæ нæу никæмæй йæ бон

Æууæнкджын чысыл скæнын.

Адæймаг куы райгуыры, уæдæй фæстæмæ йæ Хуыцау ацы зæххыл цы æрдзон хæзнатæй фæхайджын кæны, уыдонæн сæ тæккæ вазыгджындæртæй иу у Хиæмбарынад. Уыцы бæрзонд æнкъарæн æй бахъуаджы сахат бахизы мæнгарддзинадæй æмæ йæ саразы рæстдзинады фæндагыл. Уый фæстæ, йæ размæ царды сурæт кæм слæууы, уым райдайы кувæндонмæ фæндаг.

Уымæй дæрддзæвиндæр фæндаг нæй зæххыл. Цæмæй йын йæ райдайæн ссарай, уый тыххæй хъуамæ дæ хъустыл ауайа, йæ иу кæронæй иннæмæ цы монон дзæнгæрæг цæгъды, уымæн йе ‘нусон хъæр. Алы бæлццон дæр цалынмæ рæстдзинады фæндагыл ныллæууа, уæдмæ йæ уд æмæ йæ зонд не суæгъд уыдзысты цыбæл монцты уацарæй. Уымæн æмæ йæ уыцы хъадаманты зæлланг хондзæнис мæнг хæзнаты лæгæтмæ. Дзæнгæрæджы хъæр хъадаманты зæлтимæ чи фæхæццæ кодта, ахæмтæ чысыл нæй царды мидæг. Фæндаджы амонд ссарæн ис æрмæстдæр иу хуызы: «Дзыллæйы зæрдæ», Къостайы загъдау, хъуамæ суа нæ «Хуымгæнды хай». Дуне цы уагæвæрдтæм гæсгæ цæры, уыдоныл æнцой кæны адæймаг дæр. Æмæ цалынмæ йæ сæрмæ рæстдзинады тырыса фæйлауа, уæдмæ хæссы удгоймаджы ном. Уый нал ис, зæгъгæ, уæд фесæфтис Рæстдзинад дæр.

Фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы канд адæймаджы фæстæ нæ, фæлæ монон хæзнаты мидæг дæр. Æмæ уымæн хорз æвдисæн сты газет «Рæстдзинад»-ы монон фыдæлтæ. Цæвиттон, нырыккон Ирыстоны мыхуыры суадон райдыдта «Ирон газет»-æй (1906). Уымæн уыдис хорз æфсымæртæ — «Ног цард» (1907), «Хабар» (1909), «Чырыстон цард» (1911,1915, 1916), «Ирон газет» (1917-1918) æмæ «Кермен» (1920) — фæлæ сын хъысмæт фаг цардхъомыс нæ радта. Æрмæст-иу, ирон адæмон аргъауы хуызæн, кæстæр хистæрæй лæгдæр куыд разынд, афтæ рауад йæ фидæн «Рæстдзинад»-ы газетæн дæр. Иры куырыхон лæгтæ йын номæн æцæгдзинады бæрзонд уазнысан хуымæтæджы нæ равзæрстой. Нæ дзыллæйы хъуыдис æрмæстдæр ахæм мыхуыры суадон. Æмæ дзы сæ мондæгтæ суагътой, сæ дойны бафсæстой. Чи зоны, гъе уымæн «Рæстдзинад» йæ фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ нæ иубæстон адæмæн ныллæууыдис цырагъдарæй, рухсхæссæгæй, фарндæттæгæй. Уыцы фæлварæн фæндагыл газет дзыллæйы зæрдæйы парахат кодта рæстдзинады комулæфт, мадæлон æвзаджы кад æмæ рад. Нæ литературæйы мæсгуытæн та «Рæстдзинад» ссис уæлтæмæнады суадон. Уымæн йæ былгæрон нæ разагъды лæгтæ, аивады дæснытæ бирæ хорз рæстæг арвыстой.

Кæсæм уыцы æрдхæрæны былгæронæй æмæ армытъæпæны хуызæн царды айдæнæй зынынц «Рæстдзинад»-ы цардвæндаджы хабæрттæ. Газеты номыртæ горæтæй — хъæумæ, хохæй — быдырмæ, фарны уылæнтау, хæссынц æнцонад. Царды, культурæйы цалх чи зилы, уыцы æхсæнадон тых уæвгæйæ, «Рæстдзинад» æнусон кад скодта Ирыстонæн. Дыууæ æнусы, дыууæ миназоны æхсæн кæд æнцон кусæн нæу, уæддæр рæстдзинады фидиуæгæн æвидигæ разынд йæ уды бæркад. Къонайы хуызæн газеткæсджытæ «Рæстдзинад»-ы алыварс чыртæ-чыртæй æмбырд кæнынц æмæ сæхи тавынц ирондзинады арты фарсмæ. Мадæлон æвзаг, æфсарм æмæ æгъдауы комулæфт хъары сæ удыхъæды, кæны сæ сыгъдæгдæр, рæсугъддæр, бæрзонддæр. Афтæ, дзыллæйы иумæйаг хъуыддагыл тох кæнгæйæ, «Рæстдзинад», Дзаболаты Хазбийы загъдау, «Уарзы цард æххæстæй, Уарзы амонд æмæ цинад».

Цард æххæстæй уарзын та амоны Мад-Ирыстонæн фыртау лæггад кæнын, фарны фæндæгтæ агурын. «Рæстдзинад»-æн адæмыл сты йæ сагъæстæ, дзыллæйы къæбицау, йæ кад у уæлейæ исгæ, бынæй — ахадгæ. Газет у нæ уды рухс, нæ уды катай, нæ уды бæллиц, нæ удварны айдæн. Адæмы фарнау, табуйаг ссис йæ ном (Адæмон ном дæр ын хуымæтæджы нæ радтой). «Рæстдзинад»-ы артдзæст бæрзонддæр кæны нæ культурæ, нæ фыдæлты æгъдау, нæ дзыллæйы иудзинад. Газет йæ сæргонды сæрмæ Къостайы æрдхæрæны ныхæстæ дæр «Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй, Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!…» эпиграфæн хуымæтæджы нæ равзæрста.

«Рæстдзинад»-ы иннæ уазнысан та у нæ фыдæлты герб — Стайы ныв урс хæхты дæлвæзы. Аланты дугæй Къостайы заманмæ нæ культурæйы мидæг цыдæриддæр райс-бавæринагæй ис, уыдон газет æнусты тары дзыхъхъæй æвæллайгæ хæссы æмæ æфснайы дзыллæйы хæзнадоны. Ахуыр нæ кæны цæрын Иры сагъæстæ æмæ бæллицтæй. Адæмон газет — адæмы ристæ æмæ цинтæй кæй цæры, уый æрдзон хæс у ирон мыхуыры раздзæуæгæн. Адæмы зæрдæйы — адæмы зондæй чи райгуырд, æвзонг удау, йæ къæхтыл чи слæууыд, æххæст лæгау, фидæнмæ ныфсджынæй чи кæсы, уыцы газетæн уый у йæ хъысмæт, йæ цæсгом, йæ бæллиц. Бæллиц та алы хатт дæр вæййы зæрдæхсайгæ, зæрдæагайгæ, зæрдæуынгæ. «Рæстдзинад» — æрвылбон адæмы зæрдæты рæстдзинад кæй тауы, дзыллæйы хъуыддагмæ æнæрлæугæ рухсы тын кæй нывæнды, уый сæфын нæ уадзы дугты фарн, намыс æмæ сæрыстырдзинад.

Уыдоны сæраппонд нæ адæмæй исчи куы фесгуыхы, уæд ын «Рæстдзинад» кады нысанæн йæ сæрмæ байтауы арвæрдыны хуызтæ. Хуыцау зæгъæд, æмæ ныл ахæм бонтæ фылдæр кæнæд, фæлæ уый æрмæст газетæй аразгæ нæу — уый у дзыллæйы иумæйаг хæс.

ХОЗИТЫ БАРИС

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here