Хъæугæ ныхас — Виталий Муткоимæ

0
326

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, фембæлд «ДОМ.РФ»-йы генералон директор Виталий Муткоимæ. Фæбæрæг кодтой, иумæйаг проекттæ æмæ уæлбар ипотекон æфстæутты программæтæ царды куыд æнтысынц, уый.

«ДОМ.РФ» царды уадзы горæтаг алфамбылæйты рæзты программæтæ, æхсæнадон фæзуæтты проекттæ, дизайн-кодтæ æмæ архитектурон-горæттæаразæн нысантыл кусы. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы Хицауадимæ «ДОМ.РФ»-имæ ахæм проекттæ царды рауадзыныл архайынц. Сæ иутæ баст сты Терчы былгæрæттæ саив кæнынимæ, иннæтæ — Жуковскийы номыл парчы фæлгонцадимæ. Дарддæр хъуамæ Дзæуджыхъæуы комплексон рæзты проект сцæттæ кæной.

«Нæ сæйраг горæты мастер-пъланыл бакусыны хæс 2022 азы, апрелы, сæвæрдта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Уæд сбæрæг уыдзысты Дзæуджыхъæуы рæзты рахæцæнтæ, ног микрорайонтæ дзы хъуамæ фæзына, спайда кæндзыстæм фæзуæтты рæзты алыхуызон авналæнтæй. Ацы ран нæ фæнды «ДОМ.РФ»-мæ æмгуыстадмæ фæсидын, уый тыххæй федералон æмвæзады иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтам», —фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Виталий Мутко хъæппæрисимæ сразы, Дзæуджыхъæуы администраци кæй бацæттæ кæндзæн, уыцы техникон хæсимæ сæ специалисттæ базонгæ уыдзысты æмæ æмгуыстады бавналæнтæ сбæрæг кæндзысты.

«ДОМ.РФ»-йы куыст баст у регионты æппæтвæрсыг рæзтимæ, адæмы цард фæхуыздæр кæнынимæ. Уый тыххæй нæм алцыдæр ис, арæзтады бæрц фæфылдæр кæныны фадæттæ, адæмы бон сæ æлхæнын уыдзæн, хъæугæ горæтаг алфамбылæйттæ скæнын нæ бон у. Цæгат Ирыстонимæ æппæт фарстатыл æмгуыстадмæ цæттæ стæм. Ныртæккæ кусæм Дзæуджыхъæуы мастер-пъланы проектыл, «ДОМ.РФ»-йы Иугонд ипотекæ уадзынмæ цæттæ стæм, регионæн хъæугæ социалон объекттæ аразынмæ «ДОМ.РФ»-йы облигациты фæрцы нæ бон бавналын у», — загъта Виталий Мутко.

Фæбæрæг ма кодтой «ДОМ.РФ»-йы æппæт проектты архайыны фарста дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here