Æргъты рæзтмæ – паддзахадон цæстдард

0
12

Ног азы 1 январæй паддзахадæн фæзындзæн хойраджы æргъты рæзтмæ цæст дарыны ног фæрæз.

Хъалонты федералон службæйы хъусынгæнинаджы бындурыл хицауадæн йæ бон уыдзæн цæст дарын, дуканиты тæрхæджытæм чи бахæццæ, товары канд уыцы аргъмæ,   йæ рауадзæгæй райдай æмæ, дуканийы онг цалынмæ нæ бахæццæ вæййы, уæдмæ йæ аргъ куыд ивы, уымæ дæр.

Хойрагæн йæ аргъ уæлæмæ, мыййаг, æгæр куы ныццæва, уæд паддзахадæн йæ бон уыдзæн абарын розницæйы аргъ æмæ, товар раздæр цы къæпхæныл ацыд æмæ йын уым цы аргъ уыд, уыимæ. Зæгъæм, йæ рауадзыны хæрдзты хи аргъ кæй фæфылдæр, хойрагæн йæ аргъ уый аххосæй сбæрзонд, æви, фæстæдæр цы къæпхæнтыл ацыд, уым? Уыцы хъуыддаг иртасдзæн паддзахад.

Уыимæ, æргътыл æппынфылдæр бафтауын цас æмбæлы, уыцы иумæйаг бæрцыл ныхас нæ цæуы, стæй, розницæйы æппынфылдæр аргъ фидаргонд æрцæуа, ног закъон уый нæ амоны. Товар, иуырдыгæй, цы аргъæй æлхæд æрцæуа, науæд, цы хæрдзтæ бадома, иннæрдыгæй та – дуканийы цы аргъыл уæйгонд цæуа, уыцы дыууæ аргъы ‘хсæн хицæндзинад æгъдаухалæн мийыл нымад нæ цæудзæн: алчидæр æй æмбары, розницæйы аргъмæ хаст кæй цæуынц хæрдзтæ – товар ласыны хæрдзтæ (логистикæ кæй хонынц, уый), хаццоны исыны хъуыддæгтæ, адæмы мызд æмæ æндæр хæрдзтæ.

Æргъты рæзтмæ цæстдарыны ног фæрæзæн йæ нысан у æндæр: æргътæ куыд арæзт цæуынц æмæ, цæй аххосæй бæрзонд кæнынц, уый бындуронæй иртасын.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here