Мыдыбындзытæ дарынц

0
255

Цæгатирыстойнаг мыддарты нымæц рæзы. 100 мыды чыргъæдæй фылдæр чи дары, Алагиры районы Хæрисджыны уыцы цæрæг Томайты Мæирбег къæпхæнгай мыддары куысты лыстæг фæзилæнтæ, ома, мыдыбындзытæн холлаг дæттын æмæ сæ дзæбæх кæнын куыд æмбæлы, уыдæттæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ — хаты.

Мæирбеджы хъæбул Умары дæр фæнды мыддары куысты лыстæг фæзилæнтæ рахатын. «Мыддары куыст æнцон нæу, фæлæ пайдайаг у. Хохы кæй æрдуцынц, уыцы мыд уæлдай хæрзаддæр у», — зæгъы Мæирбег.

Æрыдоны районы Мичуриныхъæуы та фæзынд фæлтæрдджын мыддарты æнæхъæн кооператив. Республикæйы Хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттæ кæй саразыны фæндон бахастой, райдайæны мыддарты уыцы кооперативмæ бацыд авд фермеры.

— Мыддарты кооператив саразыны фæндон банымадтам растыл. Кооперативы уæнгты куысты хæстæ байуæрстам. Иунæгæй кусæг мыддары бахъæуы æппæт куыстытæ иунæгæй æххæст кæнын. Ныртæккæ нæ кооперативы кусы ссæдз мыддарæй фылдæр. 600 мыды чыргъæдæй афæдзмæ æрдуцæм фынддæс тоннæйы бæрц мыд. Хъæууон хæдзарады министрадæй грант «Агростартап» кæй райстам, уый фæрцы нæм нырыккон мыды чыргъæдтæ фæзындысты. Гранты хардзæй æлхæд ифтонггæрзтæй нырыккон рог æрмæг пенополиуретанæй мыды чыргъæдтæ аразæм. Паддзахад нын хорз æххуыс кæны. Министрад нæ æрбахоны программæты, кæнæ равдыстыты архайынмæ, — зæгъы амынд кооперативы сæрдар Роман Чубинец.

Æрæджы кооперативы минæвæрттæ архайдтой Мæскуыйы ацæуæг хойраджы фестивал «Вкусы России»-йы. Кооператортæ бæстæйы сæйраг горæты равдыстой ирон чъиритæ, цыхт æмæ мыд. Зæгъæн ис, æмæ куыдфæстæмæ мыдæй национ хойраг рауайдзæн.

Рубайты Нелли

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here