Æнæнхъæлæджы уавæртæ ма ‘руадзыны къамисы æмбырд скодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ Цæгат Ирыстоны скæной бæрзонд цæттæдзинады фæтк. Ахæм указ фыст æрцыд.
Уымæй уæлдай ма бафысдзæн, транспорт Цæгат Ирыстонмæ уадзынæн гæрæнтæ сæвæрыны гæх-хæтт дæр. Уыцы гæххæтт фæзындзæн, республикæйы транзитон транспорт æмæ граждæнтæ кæй фегæр сты, уый тыххæй. Хъавынц Уæрæсейы арæнты сæрты Гуырдзыстонмæ ахизын.
Республикæмæ æрбахизæнты æмæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы цур сæвæрдтой военкоматты æмæ хицауады минæвæрттæй конд кусæг оперативон къордтæ. Сæ хæс у, бæстæ Хъахъхъæнынады министрады хыгъдтæм гæсгæ, æрсидт кæуыл æххæссы, уыдонæн пъавесткæтæ дæттын. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны хæстон хыгъды чи ис æмæ иннæ регионты цæрджытæм дæр уыцы фæтк хаудзæн.
«Пъавесткæ кæмæ радтат, уый хъуамæ уайтагъд æрсидтон пунктмæ ма ацæуа. Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ, военкоматмæ ма ‘рбацæуын йæ фæстæ расайдзæн уголовон бæрндзинад. Кусдзыстæм Уæрæсейы Президенты Указы домæнтæм гæсгæ», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Абоны онг Цæгат Ирыстоны Хæстон комиссарад пайда кодта хайгай мобилизацийы хыгъдтæй æмæ республикæйы æфсæддон хыгъдты æвæрд хыгъдтæй. Республикæйы Сæргълæууæг сæвæрдта, Уæллаг Ларсы рæстæгмæйы хъармгæнæн пункттæ сæвæрыны, йæ бынат ын бырæттæй расыгъдæг кæныны хæстæ. Тагъд медицинон машинæты экипажтæ хъуамæ уым рад хæссой.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 25 сентябрæй 26 сентябрмæ Гуырдзыстонмæ Уæллаг Ларсы сæрты Уæрæсейы граждæнтæй ахызтысты 10808 адæймаджы. 26 сентябрæй 27 сентябрмæ та — 9440 адæймаджы. Æппæт транзитон транспорт цæуы Цæгат Ирыстоныл, фæндæгтыл азмæлæн нæй, уый тыхстдзинæдтæ æвзæрын кæны.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæн сæ бон у, сæ гæххæттытæ бавдисгæйæ, сæ фæндагыл дарддæр цæуын.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ














