Уæлахизимæ — хæдзармæ

0
280

Цæгат Ирыстоны цæрджытæй фыццагдæр æр- сидтмæ чи бахауд, уыдон арвыстой сæрмагонд хæстон операци кæнынмæ. Аэропорты рæнхъон лæуд хæдтæхджыты сбадыны размæ ракодтой.

Беслæнмæ стахтысты æртæ хæдтæхæджы, уыдон мобилизацимæ бахауæг адæмы сæмбæлын кæндзысты Хъырымы аэропорт Джанкойыл.

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло аэропортмæ æрбацыд,  цæмæй ирон хæстонтæн фæндараст зæгъа.

«Сымах уæ рагфыдæлты аккаг фæдонтæ стут. Тагъд мах  сæмбæлдзыстæм, чысыл рæстæджы фæстæ уым уыдзынæн. Сæйрагдæр — хæдзæрттæм уæлахизимæ æрыздæхут», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here