Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты æвдæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, Сæйраг федералон инспектор РЦИ-Аланийы Сергей Гончаров, муниципалон скондты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ. Боны фæткы фарстатæ ацы хатт бирæ нæ уыд, фæлæ уыдысты ахадгæ æмæ, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæмтæ.
«Рæстаг Уæрæсе — патриоттæ — рæстдзинады фарс», зæгъгæ, ацы политикон партийы уæнг Виктор Величко Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаты хæстæ йæхицæй æмгъуыдæй раздæр кæй систа, уымæ гæсгæ æмбырды архайджытæ байхъуыстой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты депутат равзарыны фæдыл Парламенты Мандатон къамисы уæнг Битарты Аличы хъусынгæнинагмæ.
Депутаттæ фыццаг бакасты æркастысты «2022 азмæ æмæ 2023-2024 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проектмæ. Уый фæдыл раныхас кодта финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег.
Куыд загъта, афтæмæй, ивынц 2022 азы бюджеты бæрæггæнæнтæ, уымæн æмæ федералон бюджетæй лæвæрд æрцыд, фидинаг чи нæ уыдзæн, уæлæмхасæн ахæм фæрæзтæ — 1 миллиард 357,5 милуан сомы. Уыдонæй 646,4 милуан сомы дихгонд æрцæудзæн бынæттон бюджеттæ сæмхуызон кæнынæн æххуысæн, 336,2 милуан сомы — 3-7-аздзыд сывæллæттæн æрвылмæйон бафыстытæн, 85,6 милуан сомы — æртыккаг æмæ уымæй фылдæр сывæллæттæ кæмæн райгуыра, уыдонæн æрвылмæйон бафыстытæн, 128, 4 милуан сомы — хоры культурты куыстгæнджытæн æххуысæн æмæ ма бирæ алыхуызон субсидитæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады æмæ цæрæнуатон-коммуналон къабæзты. Уымæй уæлдай, уæлæмхасæн федералон æххуысы фæрцы бюджетон къабазы кусджытæн афæдзы кæронмæ лæвæрд æрцæудзæн сæ мызд декабрæн, фæфылдæр уыдзæн РЦИ-Аланийы Хицауады фæстауæрцы фонд, стæй социалон нысаниуджы ахсджиагдæр æмæ фыццаградон хæрдзтæ. Афтæмæй, 2022 азы бюджеты кæройнаг бæрæггæнæнтæ рауадысты ахæм: æфтиæгтæ — 53 миллиарды 19,2 милуан сомы, хæрдзтæ — 55 миллиарды 84,6 милуан сомы, бюджеты кадавар — 2 миллиарды 821,4 милуан сомы.
Фарстайы фæдыл раныхас кодта нæ республикæйы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы разамонæг Хъæлыцты Инал. Куыд загъта, афтæмæй ацы азы республикон бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 41 миллиарды 592,3 милуан сомы, кæнæ та, афæдзæн кæй нысан кодтой, уыцы нымæцæн йæ 81,7 проценты, æмæ бафиппайдта, ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, уыдон кæй фæфылдæр сты 7 миллиарды 944 милуан сомæй.
— Ацы азы 1 ноябрмæ республикæйы паддзахадон хæс у 9 миллиарды 897,9 милуан сомы. Уыдон сты, бюджетон кредиты хуызы федералон бюджетæй ист æхцатæ, — загъта раныхасгæнæг.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауытты Алыксандр æмæ депутаттæй курæг уыд, цæмæй, бахæссинаг ивддзинæдтæн аргъ скæнгæйæ, закъон фидаргонд æрцæуа фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.
Фарста ахсджиаг кæй у, уымæ гæсгæ закъон фидаргонд æрцыд фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.
Тускъаты Таймураз депутаттæн сæ размæ рахаста «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты иуæй-иу комитетты скондтæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты уынаффæйы проект, стæй уыимæ баст Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар равзарыны фарста.
Парламенты Сæрдар куыд раныхас кодта, афтæмæй, республикæйы Центрон æвзарæн къамисы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, цы депутаты мандат суæгъд, уый лæвæрд æрцыд парти «Рæстаг Уæрæсе-Патриоттæ-рæстдзинады фарс», зæгъгæ, политикон партийы уæнг Хæдарцаты Шамилы фырт Аслæнбегæн. Йæ кандидатурæ йын Тускъаты Таймураз бавдыста Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары бынатмæ, æмæ цыбырæй радзырдта Хæдарцы-фыртæн йæ царды, йæ куысты æмæ æхсæнадон архайды тыххæй.
— Куыд зонæм, афтæмæй, закъонæвæрынадон архайды Хæдарцаты Аслæнбегмæ ис стыр фæлтæрддзинад, бирæ азты дæргъы уыд нæ республикæйы Парламенты депутат, дзæвгар рæстæг дæсны разамынд лæвæрдта бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитетæн, стæй æрдзон фæрæзты æмæ экологийы комитетæн. Уæдæ нæ республикæйы экономикæйы къабазы дæр бирæ фæкуыста, æмæ ацы ран дæр йæ фæлтæрддзинад у æгæрон. Уымæ гæсгæ, Парламенты йæ закъонæвæрынадон архайд, раздæрау, дæсны æмæ пайдайаг кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу, — загъта Тускъаты Таймураз.
Хъæлæс кæныны электронон системæйæ спайда кæнгæйæ, æргомæй схъæлæс кæнгæйæ, Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдарæй депутаттæ равзæрстой Хæдарцаты Аслæнбеджы.
Дедегкаты Зæлинæ














