2022 азæй нырмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты инвалидты ахсджиаг фарстаты тыххæй рацыд 3000 хъусынгæнинагæй фылдæр. Уыдонæй 640 — мыхуыры, 90 — телеуынынады æмæ 2000 — Интернеты.
РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты комитет, Фæллой æмæ социалон рæзты министрад, республикон организаци «Инвалидты æппæтуæрæсеон æхсæнад”, социалон æмæ барадон æххуысы æмæ цæрджыты дзæбæх кæныны организаци «Хорздзинад адæмæн», хъусæй æвзæр чи хъусы, ахæм адæмы цæгатирыстонойнаг регионалон æхсæнадон организаци «Зæлты дуне» æмæ Дауны синдромимæ адæмæн æххуысы цæгатирыстойнаг регионалон æхсæнадон организаци «Ивддзинæдты рæстæг»-ы хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд тымбыл стъол: «Дзыллон хабархæссæг фæрæзты архайд инвалидты царды».
— Инвалидтæм адæмы ахастдзинады дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн стыр ахадындзинад ис. Не ‘ппæты иумæйаг хæс у, адæммæ инвалидтæм хъæлдзæг ахастдзинад æвзæрын кæнын. Хъæуы лæмбынæгдæр цæстæй кæсын æмæ æмбарын, кæуыл фыссæм æмæ дзурæм, цавæр ныхæстæ ссарын хъæуы, цæмæй нæ уацхъуыды архайджыты зæрдæтæ ма фæхудой æмæ ма фæриссой, æмæ авторæн дæр уæлдай зындзинæдтæ ма сæвзæрой, — фæбæрæг кодта йæ ныхасы РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты комитеты сæрдар Фидараты Юри.
Æмбырды ныхас цыд, дзыллон хабархæссæг фæрæзты æмархайдыл инвалидты тыххæй темæтыл кусгæйæ, æрмæджытæ куыд цæттæ кæнын хъæуы, æмæ цæмæй дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ инвалидты тыххæй алыхуызон мадзæлтты архайой, уый фæдыл кæдæм фехъусын хъæуы, уыцы фарстатыл.
Фембæлд рауад ахадгæ æмæ ахсджиаг. Æхсæнадон организацитæ æмæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ æмæ уацхæсджытæн ныхасы мидæг цы фарстатæ бæрæггонд æрцыдысты, уыдон феххуыс уыдзысты, уæлдæр ныхас кæуыл цыд, уыцы лыггæнинаг хъуыддæгтæ хуыздæр æмæ бæлвырддæр информаци цæттæ кæнынæн.
Цæгат Ирыстоны республикон организаци «Инвалидты æппæтуæрæсеон æхсæнад»-ы сæрдар Бетрозты Ритæ радзырдта сæрмагонд адæмимæ цавæр куыст цæуы, æмæ адæмæн инвалидты тыххæй цавæр информаци дæтгæ у, уый тыххæй.
— Инвалидты æнæниз адæмæй хицæнгæнæн нæй. Не ‘мбæлы сæм информацион æрмæджыты фæрцы тæригъæддзинад æвзæрын кæнын. Хъæуы сæ æвдисын социумы активон архайджытæй, цæмæй сæ бинонтæ æмæ æхсæнад дæр уыной, сæ бон иуварсæй кæсын нæ, фæлæ зæрдиагæй архайын дæр кæй у, уый. Махæн нæ хæс у, инвалидтæ сæхи æхсæнады æнæзæрдæхудтæй куыд æнкъарой, ууыл архайын, — зæгъы уый.
Республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ ныфс бавæрдтой, инвалидты царды ахсджиаг фарстатыл, æхсæнадон организациты проекттыл кæй кусдзысты, уымæй.
Хъойбайты Галинæ













