Назранæй Кантышевомæ æмæ Мæлгъæвæгæй Майскиймæ цæуæг фæндæгты тигъыл Цæгат Ирыстоны фæзуатыл чи æрбынæттон, къуырисæры пъæлицæйы уыцы постмæ балæбурыны цауыл слестгæнæг оргæнтæ кæй сарæзтой, уыцы уголовон хъуыддаг куыд æвзарынц, Цæгат Ирыстоны Прокуратурæ уымæ цæст дары.
Ацы хабар фехъусын кодта цæстдарæг ведомствæйы пресс-службæ. Амынд пост кæй фехстой, уый аххосæй пъæлицæйы цалдæр кусæджы фæцæфтæ сты. Барадхъахъхъæнджытæ лæбурджыты агурынц.
РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ














