Фын

0
188

Сывæллон ма куы уыдтæн, уæд мын мæ нана зæрдæ бавæрдта, горæтмæ дæ мемæ акæндзынæн, зæгъгæ. Æз тынг бацин кодтон, фæлæ дзæбæх не ‘мбæрстон, горæт цы у, уый. Цалдæр хатты йæ бафарстон, æмæ-иу мын загъта: «Фендзынæ йæ дæхæдæг». Афтæ мæ дисы бафтыдта, æмæ дын æхсæвы фын куы фенин. Цыма фестадтæн кæмдæр хохы цъуппыл. Хохæн йæ цъупп цыргъ нæ уыди. Нывты куыд вæййы, афтæ, фæлæ лæгъзгомау. Кæсын уырдыгæй бынмæ æмæ уынын стыр хъæу. Афтæ рæсугъд уыдис, æмæ йæм кæсынæй не ‘фсæстæн. Дæрдтыл йæхи айтыгъта хъæу. Цæхæртæ калдта алырдыгæй… Фехъал дæн. Кæсын, мæ цæст хæссын алырдæм æмæ уынын диссаджы цæрæнбынат. Фæрсæй-фæрстæм дзы цæрынц ивгъуыд æмæ абон. Ныллæг хæдзæртты фарсмæ хæрдмæ фæцыдысты бæрзонд æмæ райдзаст бæстыхæйттæ. Нарæг уынгты фарсмæ дæргъæй-дæргъмæ сæхи аивæзтой уæрæх æмæ лæгъз фæндæгтæ. Æмæ йæ бынат та? Раст цыма æрдзы хъæбысы ис, афтæ…
Йæ алыварс хæхтæ хæрдмæ фæцыдысты уæйгуытау. Цы хохы цъуппæй кæсын, уый цыма хъæуæн йæ сабырдзинад хъахъхъæны, афтæ мæм кæсы. Сæрбæрзондæй йæм фæлгæсы бынмæ. Мадау рæвдауы йæ быны цæрæг адæмы. Хуры фыццаг тынтæ арвыл куы фæзынынц, уæддæр раздæр хæхты риуыл андзæвынц, уыдон ын райсынц йæ судзаг тых сæхимæ, уый фæстæ та дарддæр апырх вæййынц.
Рæсугъд у нæ горæт афæдзы кæцыфæнды афон дæр. Уалдзæг æй йæ цъæх разгæмтты куы æрбатухы, урс-урсид сæрбæттæн ыл куы ‘ркæны, уæд, ног чындзау, вæййы нæ горæт. Сæрды та, хъулон-мулон гæлæбуйау, цæхæр калы. Сæрдыгон æнуд æмæ æнтæф бонты фæстæ къæвдайы ставд æртæхты йæхи куы ныннайы, уæд ма уымæй æхсызгондæр адæймагæн цы вæййы.
Фæлæ мæнæ фæззæг дæр æрбахæццæ. Бурдзалыг, сыгъзæрин фæззæг йæ сыфтæрджын пæлæз байтауы зæххыл. Уый фæстæ та дард цæгатæй йæ базыртыл зымæджы митфæлдзæгъдæн æрбахæссы. Мæ горæты уынгтæ, парктæ урс-урсид фестынц. Хæхты цъуппытæ, æвзистау, æрттивынц. Терк сабыр, æнæуынæрæй цæуы размæ.
Кæдфæнды дæр зæрдæйæн уарзон у Дзæуджыхъæу. Домбай, тыхджын горæт. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрста царды мидæг, уæлдайдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман. Фæлæ ныффæрæзта. Уымæн æй хонын домбай æмæ ныфсджын.
Цалдæр боны фæстæ ссыдыстæм горæтмæ мæ нанаимæ. Горæтгæрон стыр рæсугъд дамгъæтæй бакастæн фыст: «Дзæуджыхъæу», æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд мæ фын. Æцæгæйдæр федтон диссаджы горæт, аргъæутты бæстæ.
Уæдæй нырмæ рацыд цалдæр азы. Ныр Дзæуджыхъæумæ цæуын скъоламæ дæр æмæ уынын, куыд ивы йæ хуыз, бонæй-бонмæ куыд рæсугъддæр кæны, уый. Бирæ мын цæр, нæ горæт! Æз дæ тынг уарзын æмæ дæ сæрыстыр дæн, мæ уарзон Дзæуджыхъæу! Кæй ном хæссыс, уый дæр никуы ферох кæндзыстæм. Кад ын кæндзыстæм!

Хæмыцты Дианæ,
Дзæуджыхъæуы
50-æм скъолайы
10-æм къласы
ахуыргæнинаг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here