«Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд…»

0
688

Райгуырæн бæстæ зынаргъ у алы адæймагæн дæр. Кæмфæнды куы уай, цыфæнды стыр бæстæтæ куы фенай, уæддæр дæ зæрдæ алкæддæр баст уыдзæн дæ райгуырæн зæххимæ. Мæнæн дæр ис ахæм уарзон уæзæг — Дзæуджыхъæу. Ам цæрынц мæ ныййарджытæ, мæ хорз æмбæлттæ. Уарзын, цы уынджы схъомыл дæн, фыццаг къахдзæф цы скъоламæ бакодтон, ме ‘мкъласонты, мæ зынаргъ ахуыргæнджыты. Уарзын мæ Иры бæстæ, ам ис мæ уидаг, мæ зæрдæ. Ам арвыстой сæ цард мæ фыдæлтæ æмæ ацы зæххыл рæсугъдæй ныууагътой сæ къахвæд.

Сæрдыгон райсом. Горæт хъал кæны йæ тарф фынæйæ. Уынгты цæуæг нæй. Хур скæсынмæ хъавы, арв — алыхуызон ахорæнтæй дзаг. æмæ мæнæ хæхты фæстæ сабыргай стылди хур. Райгуырд ног бон. Уынгты фæзындысты фыццаг бæлццæттæ. Хъуыддагхуызæй размæ тæхынц алыхуызон машинæтæ. Дæ райсом хорз, мæ уарзон горæт!
Ды мæнæн дæ аргъауы бæстæ, мæ ныфс, мæ удæнцой, мæ фидар. Æнæ дæу мæнæн нæй цæрæнбон, амонд, нæй мын фидæн. Райсомæй куы нæ фенон нæ урссæр хæхтæ, куы нæ сулæфон дæ сыгъдæг уæлдæфæй, куы нæ атезгъо кæнон ме ‘мбæлттимæ дæ уынгты, Терчы былгæрæттыл куы нæ азилон, мæргъты зарджытæм куы нæ байхъусон, уæд уый цæй цард у!
Бирæ рæсугъд бынæттæ ис нæ горæты, фæлæ мæ зæрдæйæн хæстæгдæр у Къостайы номыл фæлладуадзæн парк, мæ сабибонтæ кæм арвыстон, уый. Ардæм мæ арæх кодта мæ мад, æмæ абон дæр у мæ уарзондæр бынат. Алы къуым дæр дзы зонгæ у. Парк аив у кæддæриддæр, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, фæззыгон уæлдай рæсугъддæр вæййы. Алырдæм акæс, æмæ фендзынæ сырх- морæ- бурсыфтæрджын бæлæстæ.
Парчы уæвгæйæ мæм афтæ фæкæсы, цыма бæлæстæ дæр мемæ сусæг ныхас фæкæнынц. Æз дæр сæм хъусын, æмæ мæ зæрдæ байдзаг вæййы цавæрдæр æгæрон æхсызгондзинадæй. Ноджы ма мæ фæфæнды сæ аууоны абадын æмæ ахъуыды кæнын. Æвæццæгæн, фæндараст зæгъын мæ сабибонтæн, мæ æнæмæт цардæн. Разæй — æбæлвырддзинад, цы уыдзынæн царды мидæг? Фидарæй зонын: мæ зæрдæ нæ сивдзынæн мæ горæтыл, мæ цард, мæ куыст уыдзæн æрмæстдæр ам!
Рæсугъд, сæрибар, фæрнæйдзаг, хъæлдзæг у, мæ зынаргъ бæстæ!
Æрмæстдæр дæ риуыл дæн æз амондджын, поэты загъдау: «Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд…».

Хосонты Маргаритæ,
Дзæуджыхъæуы
26-æм скъолайы
8-æм къласы
ахуыргæнинаг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here