Дзæуджыхъæу… Мæ намысджын, мæ диссаджы горæт! Афтæ мæм кæсы, цыма адæм нæ, фæлæ дæ Хуыцæуттæ сфæлдыстой ахæм дзæнæты зæххы хайыл. Дыууæсæдæ азæй фылдæр фæлгæсыс дзæнхъадур Кавказы хæхтыл. Фæкæсыс мæм аргъауæй æрхуы чырынау, дæгъæл æм ссар, байгом æй кæн, æмæ дын йæ Бæрзонддзинад истори фæдзурдзæн йæ цинтæ æмæ йæ зынтæ.
Мæнæ Пушкины сквер. Ам кæддæр гени уазæгуаты æхсæвиуат кодта. «Мах бахæццæ стæм Дзæуджыхъæумæ. Йæ алыварс ис ирон хъæутæ», — фысдзæн уый йæ боныджы. Бирæ номдзыд нæмттæ дары йæ зæрдыл ацы бынат: Грибоедов, Толстой, Полонский, Александр Дюма-хистæр, Лермонтов…
Мæнæ диссаджы рæсугъд аргъуан Терчы былгæрон, мæнæ Къостайы номыл фæлладуадзæн парк! Тезгъо кæнын мæ зынаргъ уынгты æмæ не ‘фсæдын сæ уындæй!
Бонæй-бон уæрæхдæр æмæ аивдæр кæнынц мæ горæты уынгтæ, арæзт цæуынц ног хæдзæрттæ, фæндæгтæ. Уæлдай тынгдæр та фидауы йæ бæрзонд хæхтæй, йæ урсдзыкку æхсæрдзæнтæй, сыгъдæг суадæттæй, нывылсагъд къудзитæ æмæ хæрздæф дидинджытæй… Бынтон сæрыстыр та дæн нæ фæзминаг хъæбултæй. Райгуырæн зæххæн кад æмæ ном чи скодта, уыдонæн банымайæн дæр нæй!
Мæ уарзон фыссæг, ирон адæмы ирд стъалы, нæ сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад та зындгонд у æнæхъæн дунейы, æмæ йæ кæсынц канд Уæрæсейы цæрæг адæмыхæттытæ нæ, фæлæ бирæ фæсарæйнаг адæмтæ дæр. Сæ фæрцы мæ гыццыл Ирыстон хъуыстгонд у алы бæстæты дæр. Æмæ, кæд бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрста, бирæ тугкалд æрцыд мæ сæрибаруарзаг зæххыл, уæддæр йæ сæр никуы æркъул кодта, никуы йæ басаста знаг.
Цæр æмæ рæз, мæ зынаргъ горæт!
Гæбуты Хъазыбег,
Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы
9-æм къласы ахуыргæнинаг














