Æвзонг богæлттæ рамбылдтой балцæгтæ

0
305

Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы сæйраг горæт Черкесскы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй 24-26 мартъийы цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгон (16 азы онг) богæлтты ‘хсæн.

Ирыстонæй ерысты архайдтой 24 æрыгон богалы, æмæ сæ архайд рауад раппæлинаг. Авд командæйы ‘хсæн ирыстойнаг лæппутæ 1-аг бынæттæ бацахстой цыппар уæзы. Уый бæрц иннæ командæтæй никæмæн бантыст рамбулын. Уымæй уæлдай ма нæ богæлттæ рамбылдтой иу æвзист æмæ дыууæ бронзæ майданы.
Ерыстæ цы фынддæс уæзы цыдысты, уыдонæй сæ ‘ппæты рогдæр æхсæз уæзæй хæрзиуæг рамбулын нæ богæлттæн бантыст æрмæстдæр иуы. 38 кг онг уæзы 2-аг бынат бацахста Гæбæраты Автандил æмæ Мæргъиты Аланы хъомылгæнинаг Ренат Казанов. Ренат хорз рахæцыд æмæ фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл, фæлæ кæронбæттæны хæрзчысыл фæкъуылымпы æмæ фæхæрд Стъараполы крайы минæвар Эмил Амировæн.
Нæ богæлттæй фыццаг сыгъзæрин майдан рамбылдта Мæргъиты Марат (йæ тренер Хаситы Тамерлан). 52 кг онг уæзы Марат фæуæлахиз æхсæз ныхмæлæууæгыл æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Мараты бафæзмыдта Гаглойты Вахтанг æмæ Гуыдиаты Ильяйы хъомылгæнинаг Кодзырты Марк. Уый 57 кг онг уæзы æнæкъуылымпыйæ рахæцыд йæ æхсæз ныхмæлæууæгимæ æмæ хорзæхджынгонд ссис сыгъзæрин майданæй.
92 кг онг уæзы йæ разæй никæй ауагъта Цæмæхъаты Нарты хъомылгæнинаг Цопанаты Хетæг дæр. Хетæджы сæрæн архайды ныхмæ йæ фондз ныхмæлæууæгæй фæлæууын никæмæн бантыст æмæ сси ерысты уæлахиздзау.
Æппæты уæззаудæр богæлтты ерысы дæр фесгуыхт ирыстойнаг богал Григорий Бутхудзе. Тренер Эмзар Карелидзейы хъомылгæнинаг æнæкъуылымпыйæ рахæцыд йæ цыппар ныхмæлæууæгимæ æмæ, уыдоныл фæуæлахиз уæвгæйæ, бацахста 1-аг бынат 110 кг онг уæзы.
Нæ богæлттæй ма бронзæ майдантæй хорзæхджын систы Гæбæраты Автандил æмæ Мæргъиты Аланы хъомылгæнинæгтæ Фæрниаты Сæрмæт (75 кг) æмæ Кодзаты Олег (85 кг).
Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ ирыстойнаг богæлттæй авдæн лæвæрд æрцæудзæн балцæгтæ Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм. Уыдонæй уæлдай, амæй размæ ахæм балцæгтæ сæ къухы бафтыд æртæ не ‘мзæххон богалæн.
Ерысты уæлахиздзаутæ систы: 32 кг — Солтан Юсупов (РД), 35 кг — Абдулла Евлоев (Мæхъхъæлы Республикæ), 38 кг — Эмиль Амиров (Стъараполы край), 41 кг — Ильяс Дакаев (Цæцæны Республикæ), 44 кг — Ислам Шанов (Хъæрæсе-Балхъары Республикæ), 48 кг — Илез Евлоев (Мæхъхъæлы Республикæ), 52 кг — Мæргъиты Марат (РЦИ-Алани), 57 кг — Кодзырты Марк (РЦИ-Алани), 62 кг — Зелимхан Азимов (Цæцæны Республикæ), 68 кг — Алихан Чилов (Кæсæг-Балхъары Республикæ), 75 кг — Тамерлан Емузов (Кæсæг-Балхъары Республикæ), 85 кг — Александр Яшков (Стъараполы край), 92 кг — Цопанаты Хетæг (РЦИ-Алани), 100 кг — Сайхан Хамидов (Цæцæны Республикæ), 110 кг — Григорий Бутхудзе (РЦИ-Алани).

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here