Бадзырдон службæйы фæтк æмæ æндæр фарстатæ

0
259

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Сæрмагонд республикон оперативон штабы (арæзт æрцыд Уæрæсейы Президенты 2022 азы 19 октябры фидаргонд Указæй) радон æмбырд.

Штабы уæнгтæ æрдзырдтой æфсæнвæндаджы транспорты куысты æдасдзинады къæпхæн бæрзонддæр кæныныл, бадзырды бындурыл æфсæддон службæйы фæткыл, стæй æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Фембæлды архайдтой профилон министрадты минæвæрттæ, тыхы æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты разамонджытæ, стæй акционерон æхсæнад «Уæрæсейы æфсæнвæндæгтæ»-йы бæрнон кусджытæ.
Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы сæйраг инженеры хæдивæг Павел Романенко йæ раныхасы бæстон æрлæууыд, Цæгат Ирыстоны æфсæнвæндаджы инфраструктурæйы объектты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн цы уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæуы, ууыл.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег æмæ республикæйы æфсæдддон комиссары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Абрил Абдуллаев та радзырдтой, Гæрзифтонг тыхтæм бадзырды бындурыл граждæнты æрвитыны фæтк куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй. Профилон ведомствæты минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, ацы куыст цæуы æнæкъуылымпытæй, сæрмагонд пъланы бындурыл.
Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло штабы уæнгтæм фæсидт, цæмæй, адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны сæраппонд Президент Владимир Путин тыхы ведомствæтæ æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты размæ цы нысантæ æвæры, уыдон æххæст кæнынмæ уæлдай бæрнон цæстæнгас равдисой.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here