Уырыссаг адæмы ныры дуне æмæ фидæн

0
200

Паддзахадон Кремлы галуаны уыд 25-æм Æппæтдунеон уырыссаг адæмон æмбырды пленарон сконд. Уым архайдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Ныхасы сæр уыд «Уырыссаг адæмы ныры дуне æмæ фидæн».

Цæгатирыстойнаг делегацийы уæнгтæ уыдысты Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Архиепископ Герасим, Медицинон академийы ректор Олег Ремизов, æхсæнады æмæ дины æндæр бæрнон минæвæрттæ. Радон æмбырдæн разамынд лæвæрдта Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кирилл.
Видеобастдзинады фæрцы æмбырды архайджыты раз раныхас кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уырыссаг хæссы бæстæ бахъахъхъæныны хæс, йæ цот æмæ йæ Фыдыбæстæ сæрибар куы уой, уæд йæхæдæг дæр сæрибар у.
«Бинонтæ, Уæрæсейы адæмты бахъахъхъæнын, уый фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæуæг нысан у, уырыссаг дунейы фидæн. Нæ фыдæлтæ, нæ фæстагæттæ — уыдон сты уырыссаг дуне. Уырыссаг дуне — ома, Рагон Уæрæсе, Мæскуыйаг паддзахад, Уæрæсейаг импери, Советон Цæдис, нырыккон Уæрæсе. Нырыккон Уæрæсе йæ хæдбардзинад, куыд дунеон сконд, афтæ хъахъхъæны. Нæ Фыдыбæстæимæ удварны бастдзинæдтæ кæмæн ис, уырыссаг æвзаг, истори, культурæ чи хæссы, уыдоны уырыссаг дуне иу кæны. Æнæ уырыссæгтæ, æнæ уырыссаг адæмæй уырыссаг дуне, Уæрæсе нæй», — загъта Президент.
Ацы аз адæмон æмбырдæн рауад юбилейон, сæххæст ыл 30 азы. Ацы фæзмæ рахæссынц бæстæйы ахсджиагдæр фарстатæ, Уæрæсе цы историон тæссагдзинæдтæ æййафы, уыдæттыл бæстон ныхас рауайы. Уæдæ бинонты хæзнатæ бахъахъхъæныны, ахуырады, удварны-хæрзæгъдаудзинады фарстатæ дæр рæгъмæ рахæссынц. Мæскуыйаг æмæ Уæрæсейы Патриарх Кирилл куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй йæ бæстæ, йæ адæмы, йæ культурæ æцæгæй чи уарзы, уыдоны идеологи ницæмæн хъæуы.
«Алцыдæр нæм ис, ницы нæ хъæуы хъуыды кæнын. Удварны хъæздыг культурæ, чырыстон дины традицитæ, сабырæй кæрæдзи фарсмæ цæрыны, æндæр адæмыхæттыты æмæ динты минæвæрттæн кад кæнын — хъæуы æрмæстдæр нæ фыдæлты аккаг уæвын, ныхæстæ æмæ хъуыддæгтæ кæрæдзийæ куыд нæ хицæн кæной, афтæ», — фæбæрæг кодта Патриарх Кирилл.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис пленарон æмбырды фæстæ куыд радзырдта, афтæмæй Æппæтдунеон уырыссаг адæмон æмбырдæн йæ нысан бæрзонддæр у, хуымæтæг æмбырд æй не схондзынæ. «30 азмæ дзы рауад ахъаззаг фæз, ацы ран æрæмбырд вæййынц, бæстæйы фидæныл чи сахаддзæн, ахæм алыхуызон ахсджиаг хæзнатæ. Уымæй уæлдай — царды сæ рауадзыны фадæттæ дæр. Ныр ныхас кодтам, нæ алкæй дæр чи тыхсын кæны, ахæм фарстатыл. Тынг ахсджиаг у нæ нырыккон уавæр бахъахъхъæнын, уырыссаг дунейы фæрнæйдзаг фидæныл бакусын. Уыдæтты тыххæй уыд йæ раныхас Президент Владимир Путинæн. Уырыссаг дунейы сконды тыххæй дзырдта Патриарх Кирилл.
Цæгат Ирыстоны фæзынд Дунеон уырыссаг адæмон æмбырды регионалон хайад. Нæ республикæ у хъæздыг удварн æмæ историйы хицау. Фарон сбæрæг кодтам Аланийыл саргъуыды 1100 аз. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд дзуры, афтæмæй хъуамæ æрбангом уæм. Уæд нæ бон бауыдзæн цавæрфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахизын», — загъта Дзанайы-фырт.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here