Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытыл иудадзыгон аудынад, хъæбатырты мемориалты фæлгонцад, Уæлахизы бонмæ цæттæдзинад – ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл лæмбынæг ныхас цыд республикон организацион комитет «Уæлахиз»-ы радон æмбырды. Фембæлды сæрдариуæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло .
Ветерантæн æппæтвæрсыг æххуысы, стæй, хæстон мемориалтæм базилыны фарстаты фæдыл профилон ведомствæты разамонджытæн бæлвырд амынддзинæдтæ ратгæйæ, Сергей Меняйло æмбырды архайджыты æргом аздæхта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 79 азы кадæн бæрæгбонмæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.
– Уæлахизы бонмæ цы дзыллон æмæ æндæр номарæн ма-дзæлттыл куыст цæуы, уыдон хъуамæ уой арф хъуыдыгонд æмæ бæстон æххæстгонд. Уыимæ, зæрдыл дарын хъæуы сæвзæргæ иумæйаг уавæр. Уæлдай бæрнон æргом хъуамæ здæхт æрцæуа бæрæгбоны мадзæлтты æдасдзинады фарстамæ. Нæ республикæйæн Уæлахизы бон сæрмагонд нысаниуæ-джы бæрæгбон у. Вазыгджын у, цæмæй уыцы бæрæгбоны кадæн ма-дзæлттæ арæзт æрцæ-уой, куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы æппæт районты дæр, – бафиппайдта Сергей Меняйло.
Уæлахизы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлтты программæйы проекты тыххæй бæстон радзырдта Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, бæрæгбоны программæйы уыдзæн 90 алыхуызон мадзалæй фылдæр. Уыдоны номхыгъды: номарæн æмæ кадджын æмбырдтæ, наукон, информацион, культурон-рухстауæн проект-тæ æмæ афтæ дарддæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбоны рæстæг æххæстгонд æрцæудзыс-ты традицион дзыллон «Æнæмæлгæ полкъ», «Хъæбатырты цæсгæмттæм бакæс» æмæ æндæр ахæм акцитæ дæр.
Сæйраг раныхасгæнæджы доклад баххæст кодтой фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ, Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан, æндæр министрадтæ æмæ ведомствæты, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ.
Организацион комитеты уæнгтæ бæлвырд фæндæттæ бахастой бæрæгбоны мадзæлтты программæмæ. Æппæт уыцы фиппаинæгтæ æмæ хъуыдытæ хыгъд æрцæу-дзысты, бæрæгбонмæ цæттæгæнгæйæ.
Æмæ ма иу. Сергей Меняйло амынддзинад радта, цæмæй 9 майы рес-публикæйы базартæ сæ куыст бауромой.
Сланты Аслан














