«Фыццæгты змæлд»-ы сывæллæтты æмæ фæсивæды æппæтуæрæсеон æхсæнадон-паддзахадон змæлдимæ æмгуыстады фарстатыл ныхас кодтой республикæйы координацион советы æмбырды.
Республикæйы раза-монæг Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй сывæллæттимæ куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. «Хъуамæ дзы бæрæг уа бæрнондзинад, змæлды нымад цæуой алы архайæджы хъуыдытæ. Регионалон хайады архайды бындуры хъуамæ бавæрæм, фæсивæд сæхæдæг хæзнатыл цы нымайынц, уыдон. Афтæмæй æрыгæттæ суыдзысты хъуыддæгтæ аразджытæ. Сæ хъæппæристæ æмæ фæндæттæ сын хъуамæ хистæртæ фехъусой, царды рауадзыны сæм фæкæсой», – загъта Сергей Меняйло.
Видеобастдзинады руа-джы советы æмбырды архайджытæн арфæ ракодта «Фыццæгты змæлд»-ы регионтимæ æмархайды департаменты разамонæг Ксения Янова. Уый Цæгат Ирыстоны разамындæн бузныг загъта сывæллæтты царды сæрæнæй архайды тыххæй. Ныртæккæ сывæллæттæ систы змæлды регионалон хайады уæнгтæ, ис сын сæ хъæппæристæ царды рауадзыны фадат. Ксения Яновайы хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ «Фыццæгты змæлд»-ы иугонд центртæ аразын райдайой.
«Центрты сывæллæттæ сæ фæндæттæ, сæ хъæппæристæ хæсдзысты хистæртæм, уыдон сын æххуыс кæндзысты, афтæмæй кæстæрты проектон архайд тынгæй-тынгдæр кæндзæн. Алы сывæллонæн дæр фæуыдзæн йæ фæндæттæ рæгъмæ рахæссыны, царды сæ ра-уадзыны фадат. Змæлдмæ æрбаиумæ цæттæ сты уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, ахуыргæнджытæ», – фæбæрæг кодта департаменты раза-монæг.
Республикæйы кæстæртимæ цавæр куыст цæуы, сæ курдиæттæ, се сфæлдыстад сын куыд иртасынц, уыдæтты фæдыл дæр ныхас рауад. Рахастой «Фыццæгты змæлд»-ы тырысаты бынмæ фæсивæдон центртæ байгом кæныны фæндон дæр. Æмбырды «Фыццæгты змæлд»-ы дыккаг æппæтуæрæсеон съезды цæгатирыстойнаг делегацийы уæнгтæм байхъусыны фадат уыдис. Уыдон дзырдтой съезды тыххæй æмæ фидæнмæ нысантыл.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ














