Уæрæсейаг информацион фæрæзтæй иу – Telegram- каналы куыд бакастæн, афтæмæй бæстæйы Президент Владимир Путин раппæлыд Цæгат Ирыстонæй, йæ царды хæрзхъæддзинад кæй рæзы, уыимæ – тынг бæрзонд. Уыцы ныхæстæ ныр рæгъмæ хæссынц нæ чиновниктæ, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр дæр сæ радзырдта.
Цыбыр дзырдæй, Путины ныхасмæ гæсгæ, Ирыс-тон æппæт фадæттæ дæр аразы, парахат кæны граждæнтæн хи равдисыны авналæнтæ. Загъта, кæд раздæр дзырдтам Мæс-куы, Бетъырбух, Тюмены облæст, Ханты-Мансиаг автономон облæст, Тæтæрыл, уæд ныр нæ бон у Кемеровы, Волгоград, Рязаны облæсттæ, Приморскы край, Цæгат Ирыстон ранымайын дæр, зæгъгæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ сын ис, цæуыл архайой, уый.
Кæд æмæ, дам, ахæм цырд змæлд æвдисынц, уæд нæ уырны, дарддæры рæзт сын æмбæлгæ фæндагыл кæй бантыс-дзæн, нæ размæ цы хæс-тæ æвæрæм, уыдоныл кæй аххæсдзысты, уый… Нæ бæстæйы Президенты ныхас алкæмæн дæр æхсызгондзинад хæссы, кæдæй-уæдæй нæ раппæлыдысты, фæлæ нæм фарстатæ дæр куыд нæ хъуамæ фæзына…
Нæхæдæг дæр æй нæ бамбæрстам, афтæмæй, дам, размæ рабырстам, нæхи хæрдмæ сивæзтам. Цымæ кæм сты уыцы рæзты бæрæггæнæнтæ? Туризммæ тырнгæйæ, нæ бон æхсæнадон туалеттæ саразын нырмæ куы нæу, уæд афтæмæй размæ згъорæм… Куыдæй бафиппайдта нæ Президент Мæскуыйæ ардæм, нæхæдæг уыдæттæ куы нæ уынæм æмæ æнкъарæм, уæд? Машинæты нымæцæй, арæзтады бæрцæй рацыдыстæм размæ? Уыдæттæ дæр ис равзарæн. Адæм банктæй исынц æфстæуттæ, æлхæнынц машинæтæ, фатертæ, хъæу-гæ дзаума, стæй уæд цæргæбонты фидынц хæс-тæ проценттимæ. Банкæй хæсджын адæймаг раст цыма уацары вæййы…
О, банкæн йæ куыст ахæм у, фæлæ хъуамæ тæссагдзинæдтæм дæр цæттæ уа ацы фæрæзджын бынат, исты, мыййаг, уæд ын йæ сæфт æхца хъуамæ паддзахад ма дæтта, фæлæ йæхæдæг фадæттæ араза. Уыдæттæ
хъуамæ йæ сæйраг документы фыст уой. Махмæ та æнæнхъæлæджы цау куы ‘рцæуы, се ‘хца фесæфт, зæгъгæ, уæд паддзахад фæлæбуры хъæздгуыты бонджындæр кæнынмæ… Ома, банчы йе ‘хца чи сæвæрдта, уыдонæн сæ нæ ратдзысты, фæлæ сæхицæй хъуамæ капекк дæр ма фесæфа.
Уæдæ адæймаг фатер куы райса, уæд та йæ бахъæу-дзæн ноджы фылдæр æфстау æхца, уымæн æмæ дзы баййафдзæн афтид къултæ. Æмæ уым куыдæй ис æрцæрæн? Цымæ уыдæттæ фарстатæ не сты, нæ æфтиæгтыл цæуылнæ дзуры Президент? Уымæн æмæ æрмæстдæр уæлдæр бынæттæ ахсæг адæм исынц нывыл мызд, хауы сæм æфтиæгтæ дæр. Хуымæтæг адæймаг хъуамæ цавæр æфтиаг райса, кæцæй, куыдæй? Мах дæр стæм размæцыды фарс, фæлæ куыдæй?
Инфляцийы кой дæр ничи кæны, адæмы йæ къæхты бын куы ныккодта. Райс-ма мин сомы æмæ дуканимæ бацу, кæддæра дзы цытæ балхæндзынæ? Цас сын бафиддзынæ, дæ дзæкъулы цытæ рахæсдзынæ? Ницы. Уымæн æмæ мин æхца нал у, фæлæ афтид гæххæтт. Æмæ уыдæттæ цымæ ничи уыны, сæхи ницы æмбарæг скодтой, æндæр цы. Мæ зæрдыл лæууы, Владимир Путин йæ æрвылазон
Ныстуаны сæдæгай ног арæзт заводты, фабрикæты тыххæй куыд дзырдта, уый. Ау, иунæг дзы махмæ цæуылнæ фæзынд, йæ хъæлæсы дзаг цæуылнæ ныхъхъæр кодта, мæнæ æз скуыстон, зæгъгæ, кæм сæ сарæзтой, уагæры. Уыдæттæ фенынмæ абалц кæнын æмбæлы, бæргæ. Фæлæ адæймаг цæмæй абалц кæна, стæй кæдæм? Кæм сты сæ бынæттæ, цымæ?
Мах, зæгъæм, Михаил Мишустины æфтиæгтæ нæ хъæуынц, фæлæ йын афæдзмæ 500 милуан сомы сты. Уæдæ Юрий Чайкæйы æфтиæгтæ афæдзмæ сты 1,3 миллиард сомы, Аркадий Дворковичы æфтиæгтæ та – 1,7 миллиард сомы, Андрей Белоусовы æфтиæгтæ – 2,4 миллиард сомы, Игорь Шуваловæн – 4 миллиард сомы… Уыдæттæ бакастæн Интернеты. Ныр сыл нал мæт кæндзынæн… Мах та цæмæй хъуамæ раппæлæм? Мамæлайы капеччытæй?












