Георгиаг лент – къæхты бын

0
264

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады адми-нистраци, æвæццæгæн, йæхи ницы æмбарæг скæн-дзæн, æмæ хъуыддаг æвзæрст куы æрцæуа, уæд æппынфæстаг, къæйтæ зæххыл чи фидар кодта, уыцы кусæджы бафхæрдзысты.

Георгиаг ленты хуызтæй Намысы мемориалы бакомкоммæ Къостайы проспекты цы дихгæнæн тæлмытæ ис, уый кæй сфæлгонц кодтой, ууыл у мæ ныхас.
Уæдæ хъуамæ куыд? Чи уыд уыцы «архитектор», кæй бæрнон уынаффæйæ Георгиаг лент рахастой проспектмæ, чи æрæппæрста хæстон намысы æвдисæндартæ зæхмæ? Хъуамæ дзуапдæттæг чи уа, æви дзы уый дæр нæ разындзæн. Нæ республикæйы разамынд тынг февнæлдтой знаггадхæсджытæм, æмхуызонæй сæ, куыд зонут, афтæмæй æфхæрд æййафынц. Цыма уыцы цæвиттонтæ иннæтæм нæ хъарынц, афтæ мæм кæсы.
Кæд иутæ «мидæгæй» сты, уæд, æдде хъуыддæгты бæрны чи ис, уыдонмæ закъон ницы бар дары? Федералон закъонмæ гæсгæ хæстон намысы æвдисæндарты кад дæлæмæ æрæппаргæйæ, аххосджын хъуамæ бафида ивар 5 милуан сомы онг кæнæ та йæ сæрибардзинадæй фæцух уа æмæ ахæстоны фæбада 5 азы онг…
Байхъус, уæд алы фарс-тайы тыххæй дæр дзыллон байхъуыстытæ скæнынц, ау, уæдæ Георгиаг лент къæхты бынмæ цæмæн æрæппæрс-той? Чи у аххосджын? Чи у дзуапдæттæг?

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here